Нымæцон экономикæйы рæзтæн æмгуыстай
Нымæцон экономикæйы рæзтыл абон æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ æмæ Санкт-Петербурджы политехникон университеты центры сæргълæууæг Алексей Боровков. Уымæй размæ уæрæсейаг экспертимæ фембæлдысты нæ республикæйы политиктæ. Абон изæрæй та æрныхас кæндзæн Битарты Вячеславимæ. Фæсивæдимæ Алексей Боровков дзырдта регионы нымæцон экономикæйы гæнæнтæ фæуæрæхдæр кæныныл. Йе `ргом аздæхта ирыстойнаг студентты æмæ Санкт-Петербурджы уæлдæр скъолайы æмгуыстады фарстамæ. Ахуыргонды ныхæстæм гæсгæ, хорз кусджыты бацæттæ кæныны тыххæй студентты размæ æвæрын хъæуы цымыдисаг нысантæ, хорз специалистты мызд та хъæуы фылдæр кæнын. Лекцийы куыд радзырдтой, афтæмæй нæ республикæйы уæлдæр скъолаты æнтыстджын фæсивæды арвитдзысты Санкт-Петербургмæ нымæцон экономикæйы ахуыртæ ацæуыны тыххæй. Санкт-Петербурджы политехникон университеты центры сæргълæууæг Алексей Боровков: «Мах цæрæм, базарадон экономикæ кæм ис, ахæм æхсæнады. Æмæ нæм уый тыххæй хъуамæ уа фаг зонындзинæдтæ. Ууыл ахуыр кæнынц уæлдæр скъолаты. Хъуамæ нæ кусæн бынæттæ ифтонггонд уой ног технологон фæрæзтæй. Фæлæ сæйрагдæр у уыцы технологиты тыххæй адæмæн хъусын кæнын æмæ сæ цардархайды алы къабæзты уадзын. Уыцы хъуыддаджы Цæгат Ирыстон йæхи æвдисы, куыд размæдзыд республикæ, афтæ. Уый уыл æвæры дывæр хæстæ. Ног технологитæ рапарахат кæныны тыххæй уæ аразын хъæуы æппæт фадæттæ дæр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нымæцон экономикæйы рæзтæн æмгуыстай
Категория:
Новости и СМИ