Ног лæггæдтæ
Пенсион фонды официалон сайты тагъд рæстæг уыдзæн ног лæггад райсæн. Кæд раздæр йæ цæрæн бынат баивгæйæ, адæймаджы æмæ йæхи ног хыгъды сæвæрынæн, пенсион фондмæ цæуын хъуыд, уæд ныр та хъуыддаг фæрогдæр. Иу адрисæй иннæмæ йæ пенси раивæн уыдзæн интернеты фæрцы. Уымæй уæлдай ма, фæзындзæн мадæлон капиталæй алы мæй дæр фиддон исыны фадат. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сывæллон куы райгуыра, уæд уымæй 6 мæйы фæстæ сæ райсынæн хъæуы æмбæлгæ гæххæттытæ бафыссын. Ныртæккæ уал уыцы лæггад скæнæн ис æрæмæстдæр Пенсион фондмæ, кæнæ бирæвæрсыг центрмæ æрбацæугæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног лæггæдтæ
Категория:
Новости и СМИ