Сæрмагонд æмбырд
Культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ сног кæнын. Уыцы хæсыл бакусын бабар кодта Битарты Вячеслав сæрмагонд æмбырды. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, бахæссын сæ хъæуы федералон программæтæм. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстон фыццаг бынат кæй бацахста Уæрæсейы субъектты номхыгъды йæ культурон цыртдзæвæнты нымæцмæ гæсгæ. Ивгъуыд аз Уæрæсейы культурæйы федералон программæйы фæлгæты Алагиры районы цалцæггæн куыстытæ цыдысты, ахæм нысаниуæг кæмæн ис, уыцы дыууæ бынаты - Нузал æмæ Алагиры аргъуантæ. Дыууæ объектты дæр срæвдз уыдзысты ацы азы фыццаг кварталы. Битарты Вячеслав бабар кодта, цæмæй хъæугæ гæххæттытæ афоныл цæттæ кæной. Уый сын фадат ратдзæн 2020-2021 азты федералон программæтæм бахауынæн. Уæлдай цæстдард уыдзæн Цæгат Ирыстоны культурæйы министрадмæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, бирæ хъæуты культурæйы хæдзæрттæ заууатмæ æрцыдысты. Республикæйы сæргълæууæг уымæ гæсгæ Уæрæсейы президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барисæн бабар кодта, цæмæй æмбæлгæ кусæндæттæ æмæ федералон министрадтимæ ацы хъуыддагмæ æркæсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ