Республикæйы дæрддзæф хъæуты хостæй ифтонгад æмæ тагъд медицинон æххуысы куыст сты нывылгонд
Буроны цæрæг Дзиуты Лизæ хъæуы фелсырон-акушерон пунктмæ æрбацыд стыр хыгъдимæ. Сæ фылдæр ам, йæ амондæн, разындысты. Пенсиисæг арæх æрымысы, медицинон уагдоны æрæджы дæр ма хос самал кæнæн кæй нæ уыд, уый. Æмæ та-иу цыфæнды боныхъæды дæр хосагур Алагирмæ фæцæйцыдысты. Хостæй ифтонг кæныны хъуыддаджы къуылымпыдзинæдтæ кæй уыд, ууыл фелсырон-акушерон пункты цæрджытæ дæр сæттынц. Къуылымпыдзинад сæвзæрд кассæйы аппарат сæм кæй нæ уыд, уый тыххæй. Абон æнæмæнг хъæугæ хостæ медпункты ис. Се 'хсæн вирусы ныхмæ препараттæ, рыстисæн хостæ æмæ æндæртæ. Уæвгæ, дохтыры рецептмæ гæсгæ, фелсыр Мызуры амбулаторийы афтекæй цыфæнды хос дæр æрбаласдзæн. Ацы хъуыддаджы дæр зындзинæдтæ нæй. Цæмæй дæрддзæф хъæуты фелсырон-акушерон пунктты хос балхæныны фадæттæ уа æмæ сæ льготæмæ гæсгæ препараттæ дæттой, уый тыххæй бардзырд радта Сергей Меняйло. Ифтонгад æмæ транспорты фарстатæ нывылгонд сты, уæдæ медикаменттæ дæр ис. Уавæрмæ ис æппынæдзух цæстдард. Тагъд медицинон æххуысы дохтырты куысты дæр Алагиры районы аиппытæ нæй. Цæрджытæн лæггад кæнынц дыууæ бригады. Æрмæст дæрддзæф хъæуты цæры 3800 адæймаджы. Тагъд æххуысы хæдтулгæтæ дзуапп дæттынц æппæт хъæугæ домæнтæн, сæйрагдæр та хæххон фæндæгтыл, стæй æвзæр боныхъæды рæстæг цæуынмӕ æппæтæй дæр ифтонггонд сты. Тагъд медицинон æххуысы æртæ бригады та ма кусы Лескен, Мацутæ æмæ Фыййагдоны. Иууылдæр лæггад кæнынц хæстæг хъæутæн дæр. Æхсæвæй-бонæй æмæ цыфæнды боныхъæды дæр.