Золойты Хъазыбеджы саккаг кодтой Уæрæсейы физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы номæй
Цæгат Ирыстоны уæззау атлетикæйæ иугонд командæйы тренер Золойты Хъазыбеджы Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ схорзæхджын кодтой Уæрæсейы физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы номæй. 33 азы дæргъы æрвылбон Золойты Хъазыбег æрбацæуы залмæ суинаг уæлахиздзауты цæттæ кæнынмæ. Йæ хъомылгæнинæгтæ дзы сæрыстыр сты. Сæ ныхæстæм гæсгæ ахæм фæлтæрдджын тренеримæ спорты бæрзæнддæм цæуын дæр æнцон у. Золойты Хъазыбег: «23 азы мыл куы сæххæст уæдæй абонмæ ацы спорты хузы дæн. Уæззау атлет кæй дæн уымæй афтæ сæрыстыр нæ дæн, тренеры куыстæй куыр разы дæн. Тренер уæвын мын тынг ахсджиаг у». Кæд Золойты Хъазыбегæн фыццаг бакастæй тызмæг хуыз ис. Уæддæр æй йæ хъомылгæнинæгтæ дыккаг фыдыл нымайынц. Кæм хъæуы уым сæм хыл дæр фæкæндзæн, æппæлын сæ кæм хъæуы уым та сæ æппæлгæ ракæндзæн. Уæззау атлетикæйы сæйрагдæр æрмæст тых нæу, хъуамæ уыдæй дæр фидар уай. Атлеттæ ерыс кæнынмæ куы рахизынц уæд сын иу минут раттынц. Рæдийæн сын нæй. Уымæ гæсгæ уæззау уæзмæ хи рагацау цæттæ кæнын хъæуы. Золойты Хъазыбег: «Психологон æгъдауæй спортсмен хъуамæ хъæддых уа. Уымæн æмæ уæззау штангæйыл фæтых уæвын æнцон хъуыддаг нæу. Уымæ гæсгæ атлет хъуамæ фидар уа». Тренерæй йæ хъомылгæнинæгтæ тынг разы сты. Золойты Хъазыбег уæззау атлетикæйы бацæттæ кодта цалæр дунеон чемпионы, олимпиадæты призерты. Йæ ахуырдзаутæй иу у Гуысалты Зæринæ. Уымæ фидæнмæ бирæ бæллицтæ ис. Иу уысм дæр дызæрдыг нæ кæны, ахæм тренеримæ спорты бæрзонд къæпхæнтæм кæй схиздзæн, ууыл. Золойты Хъазыбеджы хъомылгæнинаг Гусалты Зæринæ: «Мæ тренер æппæты хуыздæр адæймаг у. Æппынæдзух ныл кусы, ерыстæм нæ цæттæ кæны. Йæ хъару нын не `вгъау кæны, цæмæй ерыстæй уæлахизæй здæхæм». Золойты Хъазыбег йæ размæ нырма бирæ хæстæ æвæры. Сæйрагдæр - олимпиаг чемптонты схъомыл кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Золойты Хъазыбеджы саккаг кодтой Уæрæсейы физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы номæй
Категория:
Новости и СМИ