Страсбургы тæрхондон нæ разы кæны Хуссар Ирыстоны цæрджыты хъæстытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Страсбургы тæрхондон нæ разы кæны Хуссар Ирыстоны цæрджыты хъæстытимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Адæймаджы бартæ хъахъхъæнæг Президенты цур Тасойты Инал журналисттимæ фембæлды рæстæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы цæрджытæ цы 3 мины æмæ 300 хъасты балæвæрдтой, уыдонмæ æркæсын Европæйы тæрхондон разы нæ кæны. Баст сты 2008-æм азы, августы цы цаутæ`рцыд, уыдонимæ. Тасойты Иналы ныхæстæм гæсгæ, адæмы курдиæтты фыст ис Гуырдзыстоны разамынд адæмæн цы зиан æрхаста, уый баххæст кæнын. Балæвæрдтой сæ 4 азы размæ 2011 азы. Фæлæ сын ныр Страсбургы тæрхондон се`рдæг фæстæмæ рарвыста. Ныртæккæ хъуамæ æркæсой 1 мин æмæ 500 курдиатмæ. 2018 азы тæрхонод æркаст æрмæстдæр 7-мæ, фæлæ уыдоны фарс дæр нæ рахæцыд. Ахæм уавæр кæй сæвзæрд, уый фæдыл Адæймаджы бартæ хъахъæнæнг ныфс бавæрдта, кæй йыл бакусдзысты, уымæй. Афтæмæй, ныридæгæн, курдиæтты растфыссынадыл кусынц мæскуыйаг адвокаттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Страсбургы тæрхондон нæ разы кæны Хуссар Ирыстоны цæрджыты хъæстытимæ

Категория:

Новости и СМИ