Электрон тыхæн чи нæ фида, уый бафхæрдзысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Электрон хызæгтæй æнæзакъонæй дыккаг хатт чи спайда кæна, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсынц уæлæмхасæн хæрдзтæ. Разамынддæттæг компани «Россети Северный Кавказ» æмæ «ЦæгатКавказэнерго»-йы кусджытæ Дзæуджыхъæуы раиртæстой, æнæзакъонæй электрон тыхæй чи пайда кодта, цыппар ахæм цæрæджы. Цыппарæй дæр цæрынц Къесаты Астаны уынджы, 40-æм бирæфатерон хæдзары. «ЦæгатКавказэнерго»-йы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй закъонхалджытæ сæ мæгуыртæй не сты. Афтæмæй сæ иуæн йæ хæс у 40 мин соммæ ввахс. Фæстаг æртæ азы кæй нæ фыста, уый тыххæй йын йæ телтæ цалдæр хатты алыг кодтой. Фæлæ нæлгоймаг къæрттæй цъула не `ппары - ногæй та сæ æнæзакъонæй баиу кæны. Иннæ «æрхъуыдыджын» фæлхасгæнæг бавдæлд, æмæ «ЦæгатКавказэнерго»-йы кусджытæ нымайæнтыл цы пломбæтæ сæвæрдтой, уыдон хи `гъдауæй фæивта æмæ йæ фатермæ фæстæмæ электрон тых бауагъта. Уый тыххæй йæ ныр фæивар кæндзысты 10-15 мин сомы онг. Иннæ уагхалджытæ дæр пайда кодтой, нымайæн прибор кæй нæ бæрæг кæны, ахæм уæлæмхасæн телтæй. Закъонхалджыты бадæтдзысты тæрхондонмæ. «ЦæгатКавказэнерго»-йы кусджытæ ма адæмы зæрдыл иу хатт лæууын кæнынц, æнæзакъонæй электрон тыхæй чи пайда кæны, уыдоны ныхмæ дарддæр дæр административон хъуыддæгтæ кæй гом кæндзысты. Хицæн адæймæгтæ фиддзысты ивар 10-æй 15 мин сомы онг. Юридикон организациты хицæутты та сæ дзыппытæй исын хъæудзæн 100 минæй 200 мин сомы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Электрон тыхæн чи нæ фида, уый бафхæрдзысты

Категория:

Новости и СМИ