Елхоты бирæвæрсыг колледжы фæзындысты фæллойадон къордтæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Зæххимæ кусын сахуыр кæнæн дæр ис. Елхоты бирæвæрсыг колледжы фæзындысты фæллойадон къордтæ. Архайы дзы 20 ахуырдзауы. Практикæйы рæстæг лæппутæ æмæ чызджытæ фæлварынц халсартæ садзын. Архайынц сæ куыст нырыккон домæнтæм гæсгæ аразыныл. Афæдзæй-афæдзмæ сæ дæсныйæдты нымæц кæны фылдæр. Колледжы цæттæ кæнынц алыхуызон къабæзты специалистты. Се ‘хсæн хъæууон хæдзарады кусджытæ, электриктæ, програмисттæ, иудзырдæй, адæмы цардыуаджы æхсызгонæй чи хъæуы, ахæмты. Елхоты бирæхайадон колледжы фæзынд ног дæсныйад - зайæгойдарынад. Къорды мидæг ис 20 ахуырдзауы. Практикæйы рæстæг лæппутæ æмæ чызджытæ фæлварынц пъамидор æмæ джитъритæ садзын. Бицъоты Георгий у фыццæгæм курсы студент, ацы дæсныйад равзæрста, йæ фыдæлтæ дæр зæххы куыст кæй кодтой, уымæ гæсгæ. Куыд зæгъы, афтæмæй адæймаг сыгъдæг хойраг хъуамæ хæра, уый тыххæй та, дæхæдæг цы ныссадзай, цæуыл бафыдæбон кæнай, уымæй хуыздæр ницы ис. Фидæны дæр æй фæнды зæххы куыст кæнын. Ацы дæсныйад 2019 азы Цæгат Ирыстоны Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй фæзынд. Ахуырты фыццаг бонæй фæстæмæ студенттæм цымыдис каст зайæгойты æмæ халсарты кондад. Уымæ гæсгæ сæ равзæрд дæсныйадыл нæ фæфæсмон кодтой. Мадина Омарова, Елхоты бирæхайадон коледжы кондады ахуырты мастер: «Ацы дæсныйад хауы, царды хъæугæ бынат чи ахсы, уыдоны хыгъдмæ. Зайæгойты кондады мастер йæхи цæттæ кæны куысты æппæт сусæгдзинæдтæ базонынмæ. Фыццаг уал сын вæййы ахуыртæ, садзыны агъоммæ зæхх куыд баццæттæ кæнын хъæуы, уыдæттæ. Уый фæстæ мыггæгтæ куыд ныссадзын хъæуы, уый. Дарддæр та - хойраджы продукци хъæууонхæдзарадон зайæгойты хуызтæ базарадмæ рауадзын». Ацы ахуырдзаутæ разæнгардæй архайынц, сæ куыст размæ цæуы, цы хойраг æрзайын кæнынц, уый вæййы хæрзад æмæ адджын. Адæмы зæрдæмæ цæуы. Геннадий Майсурадзе, ахуырадон кондады директоры хæдивæг: «Ацы къорд йæхæдæг архайы, æххуыс та йын фæкæны фæлтæрдджын разамонæг. Абон сымæх цы федтат, уый у æхсызгон хъуыддаг. Ахуырдзаутæ сæхæдæг сты архайджытæ, мыггаг бацæттæ кæнынц, ныссадзынц æй, æмæ дзы хорз хойраг рауайы. Уый ууыл дзурæг у, æмæ сæ зæрдæмæ ацы куыст тынг цæуы. Зæрдиагæй архайынц. Ацы къорды ис 20 адæймаджы. Сты фыццаг курсы ахуырдзаутæ. Ахуыр кæнынмæ æрбацæуынц алы рæттæй æмæ сæ иумæйаг хъуыддаг æрбангом кæны, омазæххы куыстмæ уарзондзинад. Уыцы уарзондзинад сæ сразæнгард кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Елхоты бирæвæрсыг колледжы фæзындысты фæллойадон къордтæ

Категория:

Новости и СМИ