Дзæуджыхъæуы патрулон посты службæйы кусджытæ æрцахстой лæгмарды кæй азымджын кæнынц, ахæм закъонхал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы патрулон посты службæйы кусджытæ æрцахстой лæгмарды кæй азымджын кæнынц, ахæм закъонхалæджы. Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-æм хайадмæ бахатыдысты Зоя Космодемьянскаяйы уынджы бирæфатерон хæдзары цæрджытæ. Уыдон хæдзары къæсæрыл ссардтой кардæй цæф нæлгоймаджы. Пъæлицæйæгтæ бынаты æвæстиатæй æрбалæууыдысты. Бадзырдтой тагъд æххуысы службæмæ. Дарддæр барадхъахъхъæнджытæ туджы фæдтæ цы фатермæ цыдысты, уый басгæрстой. Хæдзары ссардтой 59-аздзыд нæлгоймаджы, йæ дзаумæттæ тугæй амæст, афтæмæй. Уым ссардтой кард дæр. Нæлгоймаджы балæууын кодтой пъæлицæйы хайады. Куыд рабæрæг, афтæмæй дыууæ нæлгоймаджы хъæбæрнозтæй фæхъæстæ сты. Стæй сæ бадт хылмæ расайдта. Иу дзы иннæйы кардæй барæхуыста. Цы цæф æрцыд, уымæй нæлгоймаг рынчындонмæ фæндагыл йæ цардæй ахицæн. Пъæлицæйæгтæ хъуыддаг балæвæрдтой слестгæнæн комитетмæ. Битарты Реуаз, Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы 3-æм хайады патрулон посты службæйы кусæг: «Радхæссæг оперативникы уынаффæмæ гæсгæ, рацыдыстæм закъонхæлды бынатмæ. Ссардтам дзы тугæйдзаг æмæ цæф нæлгоймаджы. Туджы фæдтæ амыдтой фатермæ. Уырдæм куы бацыдыстæм, уæд дзы ссардтам нæлгоймаджы, йæ дарæс тугæй дзаг, афтæмæй. Йæ фарсмæ уыд кард дæр. Нæлгоймаджы баурæдтам æмæ йæ пъæлицæйы хайадмæ æрбаластам, цæмæй хъуыддаг кæронмæ сбæлвырд кæнæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы патрулон посты службæйы кусджытæ æрцахстой лæгмарды кæй азымджын кæнынц, ахæм закъонхал

Категория:

Новости и СМИ