Тæссаг дымгæ
Æвзæр боныхъæд расайдта фыдбылызтæм. Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты ацы бон дымгæ фæйлауы. Адæмы йæ разæй хæссы. Æмæ кæд ныртæккæ чысыл æрсабыр, уæддæр йæ фæстæ зынгæ фæстиуджытæ ныууагъта. Сæ аиуварс кæныныл æхсæвæй-бонмæ кусынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Синоптикты ныхæстæм гæсгæ, фæстæдæр æнхъæлмæ кæсын хъæуы тæккъæвдатæм. Фæлæ кæдмæ уыдзæн афтæ? Нæ уацхæсджытæ йæ базыдтой. Абон райсомæй Дзæуджыхъæуы цæрджыты райхъал кодта дымгæйы къуыззитт. Рухсыты цæджындзтæ æмæ хæдзары сæртæ дымгæ бындзарæй сфæйлыдта. Ахæм райсом баййæфтой Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Ацы хабар йæхи цæстæй чи федта, уыдоны ныхæстæм гæсгæ дымгæ уыд тынг тыхджын. Уайтагъд ирвæзынгæнæн службæты кусын бахъуыд. Кæм æвгтæ базгъæлæнтæ сты, кæм бæлæсты къалиутæ адæмыл калдысты. Адæммæ сидын бахъуыд, цæмæй ахæм боныхъæды уавæртæй адæм сæхи бахизой. Бирæты бафæдзæхстой уынгмæ цæуынæй дæр. Кæд тыхджын дымгæйы рæстæг хæдзары стут , уæд рудзгуыты раз ма лæуут, пецтæ æмæ рухсытæ ахуыссын кæнут, Кæд уæ тæссаг дымгæ уынджы æрцахста , уæд уæхи кæлæццаг хæдзæрттæй хъахъхъæнут, бæлæсты бын ма лæуут. Уе нæниздзинад бахъахъæныны тыххæй ссарут æдас бынат зæгъæм, дуканимæ бацæут, кинотеатрмæ. Уæ цæстытæ змис æмæ рыгæй хъахъхъæнут . Горæты электрон хызæджы кусджытæ сбæрæг кодтой, тыхджын дымгæ цал районы бахъыгдæрдта, уый. Специалисттæ æнæхъæн æхсæв Дзæуджыхъæуы цæрджыты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой. Адæм нæм ныр дæр ма дзурынц, сæ зæрдæ дарынц, рухсдæттæн системæтæ тагъд рæстæджы кæй сцалцæг кæндзысты, ууыл. Нæ кусæг къордтæ ууыл архайынц. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады разамынд хъусын кæны, зын уавæры куы бахауат, уæд 112 кæнæ 101, зæгъгæ, номыртæм бадзурут, хæдзары телефонæй та - 01. Синоптиктæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æрдзы ахæм уавæртæ ахæсдзысты 26 октябрмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Тæссаг дымгæ
Категория:
Новости и СМИ