Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта мæздæджы социалон объектты арæзтад
Цæгат Ирыстоны федералон программæйы фæлгæты цæуынц егъау арæзтадон куыстытæ. Социалон нысаниуæг цы объекттæн ис, уыдонæн сæ фылдæр срæвдз сты. Се `хсæн скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ спортивон комплекстæ. Республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æппынæдзух бæрæг кæны ацы объекттæ. Æрæджы бабæрæг кодта Дыгуры æмæ Æрæфы районтæ. Дигорайы сывæллæтты 5-æм рæвдауæндоны фæзындзæн уæлæмхасæн бæстыхай. Уый руаджы ма бафтдзæн 55 бынаты. Арæзтадон куыстытæ дзы цæуынц фæткмæ гæсгæ. Бæстыхайæн йæ бындур цæттæ у. Ныртæккæ амайынц къултæ. Куыстытæ пъланмæ гæсгæ баххæст кæндзысты ноябрьмæ. Æрæфы районы Советскийы хъæуы аразынц бирæнысанон фæз. Уыдзæн дзы футболæй æмæ баскетболæй хъазынæн бынæттæ. Сабитæн фæзындзæн хъазынæн фæз. Уыимæ ма дзуапп дæтдзæн æдасдзинады домæнтæн дæр. Объект срæвдз уыдзæн октябры. Ног Урухы бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар. Йæ сæр ын баивтой. Ныртæккæ дзы ног кæнынц рухсдæттæн системæ. Зилынц ын йе ‘ддаг бакастмæ дæр. Ноябрьмæ дзы куыстытæ фæуыдзысты. Гетойты Давид, куыстуат «Парусстрой»-ы генералон директор: «Культурæйы хæдзар тынг заууат уавæры уыд. Къултæ хъуынайы бын фесты. Суанг ма дзы хæлынбыттыртæ дæр тахт. Фæлæ уæддæр куыста. Адæм дзы фыдæбон кодтой. Ацы объект æнæ цæстдардæй ныууадзæн нæ уыд». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта мæздæджы социалон объектты арæзтад
Категория:
Новости и СМИ