Клуб «Альбус» ныр 20 азы дæргъы йæ алыварс æмбырд кæны зондджын æмæ интеллектуалон фæсивæды
Интеллектуалон хъæзтыты клуб «Альбус» бæрæг кæны йæ юбилей. Ныр 20 азы дæргъы йæ алыварс æрбамбырд кæны зондджын, сæрæн æмæ курдиатджын адæмы. Раздæрау ын разамынд дæтты Бориты Жаннæ. Уый ацы клуб хъуыды кæны, чысыл къорд ма куы уыд, уæдæй. Фæстæдæр дзы рауад интеллектуалон змæлд. «Брейн-ринг»-æй уæлдай ма фæзындысты хъæзтытæ «Что? Где? Когда?» ,»Своя игра» «Дзæуджыхъæуккаг фидар». 2018 азы рахызтысты телевизион форматмæ. Телеуынынады эфиры алы къуыри дæр рацæуы программæ «Брейн-хабæрттæ», зæгъгæ. Кæд æмæ клуб адæмæн у уарзон, уæддæр йæ куыст æнæкъуылымпы схонæн нæй. Ис дзы лыггæнинаг фарстатæ дæр. Уал азмæ йын хи бæстыхай нæ фæзынд. Уымæ гæсгæ, иугæндзон сæмбæлынц ахæм лыггæнинаг фарстаимæ, ацы хатт та радон хъазт кæм скæнæм, зæгъгæ. Ныртæккæ клуб «Альбус»- ы коллектив æнхъæлмæ кæсы эпидимиологон уавæр хорзырдæм кæд фæивдзæн, уымӕ. Уæд фæнд кæнынц æртæ интеллектуалон хъазты бындурыл дæр саразын егъау фестиваль «Горячие головы», зæгъгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv