Алагиры районы фæндæгтæ цалцæг кæнынц
Цæгат Ирыстоны сæ тæмæны бацыдысты фæндæгтæ цалцæг кæныны куыстытæ. Цæуынц куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр. Горæты фæндæгтæ сног кæныныл схардз кæндзысты 516 милуан сомы. Уый тыххæй хъусын кæнынц Дзæуджыхъæуы админстрацийæ. Сæрмагонд куыстытæ цæуынц Заводы æмæ Южныйы хъæуты. Сæйраг фæндаг сног кæныныл бакусдзыты Карцайы дæр. Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндагмæ дæр ныр зилынц. Куыстытæ цæуынц Алагиры æмæ йæм хæстæг цы хъæутæ ис, уым дæр. Црауы уынгтæй иуы ныртæккæ ивынц фæндаджы уæлцъар. Арæзджыты ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ кæнынц фарон азæй нырмæ æмæ цæуынц фæткмæ гæсгæ. Ныридæгæн раивтой фæндаджы заронд уæлцъар. Тагъд рахиздзысты ног асфальт æвæрынмæ. Æппæт уыцы куыстытæн радих кодтой 8 милуан сомæй фылдæр. Ног фæндаг хъуамæ цæттæ уа 2 къуырийы фæстæ. Йæ дæргъ уыдзæн 7500 квадратон метры. Фæйнæ 30 квадратон метры та байтаудзысты уынджы тигътыл. Ацы хабармæ хъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кæстысты. Фæлæ, проектмæ гæсгæ ног фæндаг æппæт цæрджытыл кæй нæ аххæсдзæн æмæ кæронмæ кæй нæ фæхæццæ уыдзæн, уымæй разы не`сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры районы фæндæгтæ цалцæг кæнынц
Категория:
Новости и СМИ