Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн цæттæ кæнынц хъæугæ дзаумæттæ

Искæмæн хорз ракæнынæй ма хуыздæр цы хъуамæ уа? Уæлдайдæр та сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн. «Согрей солдата», зæгъгæ, æхсæнады уæнгтæ æрбангом сты иумæйаг хъуыддаджы фæдыл. Сабыргай сæ хъомыс фылдæрæй-фылдæр кæнгæйæ уадзынц хъæугæ дзауматæ. Сусæггæнæн хызтæ, лæггуыфтæ, сойдзырагътæ, хуыссæны цъæрттæ. Арвитынц сæ нæ æфсæддонтæн. Сæ æвæллайгæ архайды тыххæй сын æрæджы радтой «За бескорыстную поддержку воинов России», зæгъгæ, майдан дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы уæ хиуæттæй исчи архайы, зæгъгæ, ацы хæрзгæнджыты куы афæрсай, уæд дзуапп ратдзысты, уым æцæгæлон адæм нæй, зæгъгæ. Не 'фсæддонты фарсмæ æрбалæууыдысты фыццаг бонæй. Госпитальмæ чи фæцæф, уыцы æфсæддонты ласын куы райдыдтой, уæд Людмила Храбрых йæ хæлар Юлияимæ æхцайы фæрæзтæ æмбырд кæнын райдыдта. Фæлæ рынчындонмæ æххуысимæ байрæджы кодтой. Уæд сылгоймæгтæ хъуыды кæнын райдыдтой æхцайы фæрæзтæ цы фæкæной, ууыл. Людмилæ куыд радзырдта, афтæмæй æппынæдзух сæ хъус дардтой хабæрттæм. Æнæнхъæлæджы фæхæст сты телеграмм-канал «Зæды сызгъæрин къухтæ»-йыл. Бархионтæ æфсæддонтæн куыд æххуыс кодтой, уымæ кæсын райдыдта. Куысты фæдыл ахауд Краснодармæ, уым та базыдта ацы организацийæн дзы хайад кæй ис, уый. Ссардта йæ. Уæд æм фæзынд хъуыды Цæгат Ирыстоны дæр филиал байгом кæнын. Мæскуыйы йæ хъæппæрисимæ сразы сты. Нæ æфсæддонтæн баххуыс кæнын кæй фæндыд, уыдоны агурын нæ бахъуыд. Фыццæгтæй иу уыд æрмадз «Гарус», иумæйагæй хуыдтой лæггуыфтæ. Фæстæдæр Людмилæйы зонгæтæй иу ссардта хъæугæ бæстыхай балхæдта дыууæ хуыйæн машинæйы. Уый фæстæ та кæнын райдыдтой сойдзырæгътæ. Уалдзæгмæ хæстæг та æфсæддонтæй сæхицæй райстой курдиат сусæггæнæн хызтæ сын сбийыны тыххæй. Курдиат уайтагъд сæххæст кодтой. Уыцы иу рæстæг ма æртæ хуызы хъуымац æмбырд кæнын дæр райдыдтой. Уый фæстæ ноджы фылдæр хуыйын райдыдтой. Æфсæддонтæй фылдæр курдиæттæ истой, фæлæ сын фæрæзтæ нал фаг кодта. «Зæды сызгъæрин къухты» фарсмæ æрбалæууыдысты Уæрæсейы иннæ горæттæ дæр, фæлæ фонды номæй æхцайы фæрæзтæ сæмбырд кæнын бар нæ уыд. Уæд Людмилæ снысан кодта æмæхсæнад «Согрей солдата», зæгъгæ. Ардыгæй æфсæддон операцийы бынатмæ æрвитынц сусæггæнæн хызтæ, лæггуыфтæ, сойдзырæгътæ, госпитальтæн хуыссæны цъæрттæ, уæлæдарæс. Зæгъæм, мæнæ ахæм лæггуыфтæ бауромдзысты 500 килограммы онг уæз. Батухынц сæ сæрмагонд хордзенты, цæмæй сæ æфсæддонтæ сæ астæуыл сбæттой. Мæнæ ай та къухыл даргæ сæрмагонд бос. Гыццыл ыл куы рахæцай, уæд аивæздзæн фондз метры онг. Тынг фидар у. Суанг ма йе 'ххуысæй адæймаджы сисæн дæр ис. Сусæггæнæн хызтæ дæр цалдæр хуызы сты. Бархионтæ куыд зæгъынц, афтæмæ сæ бийгæйæ ахсджиагдæр у техникон домæнтæ æххæст кæнын. Фондæн цалдæр бынаты ис. Изæрыгон скъолайы сын баххуыс кодта йæ разамонæг Аллæ, Беслæны та бæстыхай ссардтой Куыдзойты Ритæйы руаджы. Алы бынаты дæр куыст сабыргай цæуы, фæлæ сæм уæддæр адæм нæ фаг кæны. Сæ фарсмæ балæууын у алкæй бон дæр. Уæрæсейы æфæсæддонты фарсмæ æнæ пайда агургæйæ кæй балæууыдысты, уый фæдыл фонд æрæджы райста бузныджы фыстæг æмæ майдан. Фонды архайджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй сын æппæты стырдæр хæрзиуæг у æфсæддонтæ сын къамтæ æмæ видеормæджытæ бузныджы ныхæстимæ кӕй сæрвитынц, уый. Уый руаджы дарддæр дæр цæттæ сты æххуысмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 504 подписчика
12+
29 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии