13-æм скъолайы сывæллæттæн равдыстой киноныв «Фатимæ»
Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм скъолайы сывæллæттæн равдыстой киноныв «Фатимæ» ирон æвзагыл. Ратæлмац æй кодтой ирон литературæйы бындурæвæрæджы 160 азы райгуырды бонмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, киноныв ист æрцыд 1958-æм азы. Къостайы æнæмæлгæ поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ ист кинонывы хъайтартæ та иронау фыцццаг хатт сдзырдтой Ирон театры сценæйыл. Проектыл бакуыста режиссер Сæлбиты Аким. Йæ ныхæстæм гæсгæ кастингмæ æрбацыд бирæ адæм. «Фатимæ»-йы сæйраг хъайтартæ сдзырдтой Уаниаты Валерий æмæ Берозты Алинæйы хъæлæстæй. Режиссеры бафæндыд бæрнон хъуыддагмæ æрыгон артистты æрбахонын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
13-æм скъолайы сывæллæттæн равдыстой киноныв «Фатимæ»
Категория:
Новости и СМИ