500 милуан сомæй фылдæр дарынц хæс цæгатирыстойнæгтæ электрон тыхæн
Уый тыххæй фехъусын кодтой «ЦæгатКавказЭнергойы». Ахæм егъау хæстæ кæй сты, уый тыххæй сæ куыстуат, закъоны бындурыл, райдайдзæн исын. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ. Ныридæгæн, хæстæ цæмæй бафидой, уый тыххæй тæхондонмæ бахъаст кодтой 2 мины æмæ 410 адæймаджы ныхмæ. Цы æхцайы бæрц дарынц, уый та у 37 милуан сомæй фылдæр. Барвæндонæй тæрхондоны уынаффæ раздæр чи нæ сыххæст кодта, уыйдоны та бафидын кодтой 2 милуан соммæ ввахс. ЦæгатКавказЭнергойы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, адæм сæ хæстæ фылдæр фидын райдайынц, рухс сын куы ахуыссын кæнынц, уæд. Алы мæй дæр, Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты ахæм хуызы бафхæрынц сæдæгай адæймæгты. Куыстуаты директор Андрей Ерешкины ныхæстæм гæсгæ, респбуликæйы цæрджытæн сæ хæстæ æхца сæм фаг кæй нæ кæны, уыимæ баст не`сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
500 милуан сомæй фылдæр дарынц хæс цæгатирыстойнæгтæ электрон тыхæн
Категория:
Новости и СМИ