Дзæуджыхъæуы питомникы специалисттæ нæ фаг кæны

Ацы бынаты алы цæрæгойæн дæр йæхи хъысмæт ис. Прюты фенæн ис алы кары æмæ хуызы куыйтæ. Чысылтæй райдай æмæ стыртæй фæуы. Ацы Хаскийы ном Хлоя у. Ардæм цалдæр мæйы размæ æрбахауд. Куыдзы æд къæбылатæ сæ хицау раппæрста. Питомникы кусджытæ сæ райдыдтой дзæбæх кæнын. Фондз къæбылайæ ма аирвæзын кодтой æрмæст дыууæйы. Питомникмæ куыйтæ алыхуызон æрбахауынц. Бирæты хицæутты сæхæдæг æрбаласынц, иннæты æрцахсынц уынгты. Ам сын тæссаг ницæмæй вæййы, узæлынц сыл æмæ сæ уарзынц. Питомникы уавæртæ фæхуыздæр сты. Ивгъуыд аз дзы сарæзтой уæлæмхасæн 108 бынаты, карантины блок æмæ къбылатæн хъарм бынат. Ныртæккæ питомникы ис 181 куыдзы. Сæ нымæц æппынæдзух фылдæр кæны. Бынат дзы се 'ппæты фаг дæр ис. Питомникы директор Дыдарты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, кусджытæ нæ фаг кæны. Нвртæккæ штаты ис 35 адæймаджы. Нæ фаг кæны æфснайджытæ, санитартæ. Ам сæм æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц. Кусджытæ фаг нæй, фæлæ сæм арæх æххуысмæ æрбацæуынц бархионтæ. Уыдон вольертæ ныссыгъдæг кæнынц, куыйтæм базилынц. Æрмæст ивгъуыд аз питомникы кусджытæ æрцахстой 1 мин 700 дзæгъæл цæрæгойы, уыдонæй 1 мин 137 стерилизаци скодтой. 150 та бархионты æххуысæй хицæуттæ ссардтой. Питомникы цæрæгойтæн аразынц æппæт уавæртæ. Кæд кусджытæ нæ фаг кæны, уæддæр сырдтæ ницы цух сты. Æрмæст ма сæ хъæуы уарзын, узæлын сыл æмæ сын хицæуттæ ссарын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
10 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии