Заманхъулы цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм къуылымпытимæ кæй кæлы, уый тыххæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Заманхъулы цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм кæй нæ цæуы, уый фæдыл. Арæхдæр адæм æнæдон баззайынц сæрдыгон. Кæд ма ныртæккæ кæмдæрты ракæлы, уæд хъарм рæстæджы та кърантæй иу æртах дæр нæ рантысдзæн. Афтæмæй, бынæтон цæрджытæ хъизæмар кæнынц. Сæ æппæты риссагдæр фарста нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы размæ дæр рахастой, уый Заманхъулы цæрджытимæ куы фембæлд, уæд. Уым бæстонæй æрдзырдтой доны уавæры куыд фæхуыздæр кæнæн ис, уый. Бæрнон кусджыты хæс ныртæккæ у ацы хъуыддагыл бакусын. Куыд, уый базыдта нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Кудзаты Уырысхан Заманхъулы цæры бирæ азты дæргъы. Куыд зæгъы, афтæмæй хъæу донцух никуы*ййæфта, фæлæ æрæджы доны ног хæтæлтæ куы сæвæрдтой, уæд хъуыддаг æвзæры 'рдæм аивта. Хъæуы дон æппæт хæдзæрттæм нал хæццæ кæны. Уый фæдыл адæм хъаст кæнынц. Ахæм уавæры сты сыхæгтæ дæр. Годжиаты бинонтæм дон æппынæдзух цæуы къуылымпытимæ. Æмæ ацы сыхыæй уæлдай ма, ахæм уавæры сты Заманхъулы иннæ цæрджытæ дæр. Кудзаты Уырысхан куыд зæгъы, афтæмæй ма зымæгон уæддæр дон вæййы, фæлæ боныхъæд куы аивы, уæд та ногæй къранттæй дон нал фæкæлы. Æрæджы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав уыди Заманхъулы. Уым фембæлд хъæуы цæрджытимæ. Адæм æрдзырдтой бирæ ахсджиаг хъуыддæгтыл. Алчидæр дзы Битарты Вячеславмæ радта йæхи фарста. Сæйрагдæрты 'хсæн - донимæ баст фарста. Уыцы æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, доны фарста хъуамæ цыбыр рæстæгмæ лыггонд æрцæуа. Сæрдыгон дон æвзæр кæй фæцæуы, уый иу хабар у. Фæлæ ма иуæй-иу цæрджытæм дон куы рахуртæ вæййы, уæддæр нæ фæхæццæ вæййы. Уый та уыимæ баст у æмæ хъæу стыр кæй у, уый. Æххæстæй дон Заманхъулы кæцыдæр хæдзæрттæм нæ хæццæ кæны. Цавæр хатдзæгтæм æрцæудзысты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады, стæй фарста куыд аиуварс кæндзысты, уый нырма бæрæггæнинаг у. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Заманхъулы цæрджытæ хъаст кæнынц, дон сæм къуылымпытимæ кæй кæлы, уый тыххæй

Категория:

Новости и СМИ