Премьер Дзанайты Барис архайдта Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады æмбырды
Премьер Дзанайты Барис архайдта Уæрæсейы экономикон райрæзты министрады æмбырды. Ныхас дзы цыд Цæгат Ирыстоны социалон экономикон райрæзтыл. Амыдта йæ дзуапдæттæг министры хæдивæг Сергей Назаров. Видеоконференцийы 'руаджы бастдзинад уыд федералон æмæ регионалон хицауады оргæнты уæнгтимæ. Регионы социалон-экономикон райрæзты хыгъды ис 112 мадзалы. Се 'хсæн - 49 пункты Беслæны генералон пъланы фæлгæты, 45 та - Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты. Уыдоны хыгъды сты, кæронмæ кæй сæххæст кодтой ахæм 40 объекты дæр - Октябрскæйы поликлиникæ, Беслæны стадион "Пищевик", Ногиры скъола, Алагиры культурæйы хæдзар "Комсомолец", республикæйы коммуналон инфраструктурæйы объекттæ æмæ Беслæны фæндаггон хызæгты объекттæ.