Аэропорт «Дзæуджыхъæу» 2019 азы фыццаг хайæн йæ куысты хатдзæгтæ банымадта
Аэропорт «Дзæуджыхъæу» 2019 азы фыццаг хайæн йæ куысты хатдзæгтæ банымадта. 6 мæймæ Дзæуджыхъæуы аэропорт балæггад кодта 258 мин 804 бæлццонæн. Уый фароны бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ у 24,6% фылдæр. Ома, бæлццæтты бæрц ацы аз январæй июнмæ сырæзт 24%. Фарон уыцы æмгъуыдмæ аэропорты лæггæдтæй спайда кодта 207 мин 578 бæлццоны. Æрмæст июны аэропорты лæггæдтæй спайда кодтой 50 мин бæлццоны. Уый къухы бафтыд, Ростов æмæ Сочимæ Дзæуджыхъæуæй хæдтæхджытæ тæхын кæй райдыдтой, уый руаджы. Авиакомпани «Аэрофлот» æмæ «Нордвинд» Цæгат Ирыстонмæ кæй тæхынц, уый дæр у хорзы æвдисæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ростовмæ хæдтæхæг тæхы къуыри дыууæ хатты: æртыццæг æмæ хуыцаубоны. Сочимæ та - дыццæг æмæ сабаты. Уыимæ ма Дзæуджыхъæуы аэропортæй атæхæн ис Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ Турчы Антальямæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аэропорт «Дзæуджыхъæу» 2019 азы фыццаг хайæн йæ куысты хатдзæгтæ банымадта
Категория:
Новости и СМИ