Йе`нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæймæгтæн сараздзысты æмбæлгæ уавæртæ æппæт рынчындæтты
Йе`нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæймæгтæн сараздзысты æмбæлгæ уавæртæ Цæгат Ирыстоны æппæт рынчындæтты. Сæрмагондæй сифтонг кæндзысты агъуыстытæ. Уыцы проект саразыны тыххæй хицауад æмæ рынчындæтты разамонджытæ, стæй дохтыртæ сæхæдæг дæр, аразынц нысангонд картæ. Æнæ искæй æххуысæй йæ бон цæрын кæмæн нæу, уыдонæн рынчындоны уæвынæн уавæртæ аразын райдайдзысты 2020-æм азы. Уый тыххæй хъусын кæны нæ республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуы фæхуыздæр кæнын сæ уавæртæ, фæуæрæхдæр кæнын сæ фадæттæ. Уый фæдыл цæудзысты сæрмагонд æмбырдтытæ. Ныртæккæ дзы ныхас цæуы, ацы хъуыддагæн фæрæзтæ цас бахъæудзæн, ууыл. Фæнд кæнынц, фидæны аз алы рынчындон дæр хъæугæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йе`нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы адæймæгтæн сараздзысты æмбæлгæ уавæртæ æппæт рынчындæтты
Категория:
Новости и СМИ