Фыццанджындæр æдасидзинад
Æхсæнадон бынæтты уагæвæрд æмæ фæндæгты æдасдзинад у барадхъахъхъæнæн органты сæйраг хæс. Уый тыхæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав Мидхъуыддæгты коллегийы æмбырды. Куыд фæнысан кодта афтæмæй фæндаггон фыдбылызтæ ма `руадзыны тыххæй хъæуы саразын æппæт хъæугæ уавæртæ. Уыцы мадзæлттæ бæлвырдгонд сты 2024 азмæ фæндаггон змæлды стратегийы. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ министрады хъæуы бакусын цалдæр фарстайыл. Се `хсæн оперативон службæты , фæндаггон инспекцийы æмæ пъæлицæйæгты бæстон куыст. Барадхъахъхъæнæн оргæнтæ хъуамæ æмгуыст кæной бархионтимæ, фæнысан кодта республикæйы сæргълæууæг. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн Битарты Вячеслав арфæ ракодта, сæ размæ æвæрд хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц, уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма сын балæвар кодта кады гæххæттытæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыццанджындæр æдасидзинад
Категория:
Новости и СМИ