Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысы фонды минæвæрттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыдысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысы фонды минæвæрттæ. Цæстдарæн Советы сæрдар Сергей Степашин, генералон директор Константин Цицин æмæ генералон директоры хæдивæг Тамирлан Аджиев. Делегаци федта Дзæуджыхъæуы Хадарцаты номыл уынджы бирæфатерон хæдзары арæзтад. Кусæг балцы фæлгæты ма къабазы ахсджиаг фарстатыл æрдзырдтой Сергей Меняйлоимæ. Уазджытæ фыццаджыдæр бабæрæг кодтой «Зæдты горæт». Мемориалон комплекс «Хъыджы бæлас»-ы цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Делегацийы архайджытæ æрымысыдысты Беслæны скъолайы теракты амæттæгты. Уый фæстæ хицауады уæнгтæ араст сты Дзæуджыхъæуы Хæдарцаты Аслæнбеджы номыл уынджы бирæуæладзыг хæдзары арæзтадон фæзмæ. Ардæм федералон проектмæ гæсгæ раивдзысты кæлæддзаг хæдзæртты цæрджыты. Ныртæккæ аразынц фæндзæймаг уæладзыг. Æртыккаг уæладзыджы цæуынц инженерон куыстытæ. Объекты куыстыты хæрзхъæддзинадæй федералон уазджытæ разыйæ баззадысты. Проекты руаджы ног цæрæнбынæттæм раивдзысты 176 адæймаджы. Уыдон сты 66 бинонтæ. Сæ хæдзæрттæ сын кæлæддзагыл банымадтой 2017 азы 1-æм январы. Фатертæ ратдзысты мидæггаг куыстытæ баххæст кæнгæйæ. Фæстæдæр хицауады уæнгтæ архайдтой «Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады хæрзхъæддзинады нысан»-ы кадджын мадзалы. Хуыздæрыл банымадтой Мæскуыйаг шоссейы æртыккæгæм бирæфатерон хæдзар. «Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады хæрзхъæддзинады нысан» фидаргонд æрцыд Уæрæсейы арæзтады министрад æмæ Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фонды хъæппæрисæй. Схорзæх дзы кæнынц цæрæнуæтты-коммуналон кооперативтӕ, разамынддæттæг компаниты хицæутты сæ куысты æнтыстдзинæдты тыххæй. Сергей Степашин хæдзары цæрджытæн балæвар кодта кады нысан, ракодта сын арфæ. Уый фæстæ делегацийы минæвæрттæ фембæлдысты республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлоимæ. Бафыстой уæлæмхасæн бадзырд. Йæ фæлгæты Цæгат Ирыстон нысангонд æмгъуыдæй раздæр, 2023-æм азы 31-æм декабрмæ хъуамæ цæрджыты кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны программæ баххæст кæна. 2017 азы 1-æм январы кæй банымадта, уыдоны. Уый тыххæй Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фонд программæ æххæст кæнынæн рахай кæндзæн æхцайы фæрæзтæ. Æмбырды рæстæг ма дзырдтой бындурон цалцæг, бирæуæладзыгон хæдзæртты иумæйаг исбон ӕмӕ коммуналон инфраструктурæйы ифтонгады регионалон программæйыл. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæйы ифтонгадыл дзургæйæ, Сергей Степашин бафиппайдта, Уæрæсейы нырыккон историйы кӕй фӕкъахыр кодтой «националон исбонады фонд». Районты коммуналон инфраструктурæйы модернизацийæн рахай кæндзысты фæрæзтæ æнæ проценттæй. Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй президенты амынддзынæдтыл ныридæгæн куыст цæуы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv