Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны уыд радон æмбырд
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны уыд радон æмбырд. Ацы хатт тæрхонгæнæджы уынаффæмæ гæсгæ æмбырдмæ бахастой ивддзинæдтæ. Кæсынц уголовон хъуыддаджы гæххæттытæм. Уымæй уæлдай ма хъуамæ фæрсой цыппар æвдисæны, фæлæ сыл нæма фæхæст сты. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Цъыккаты Владимиры бинонтæ бахастой хъæппæрис, цæмæй ма номхыгъды уæлæмхасæнæн æрфæрсой 2 æвдисæны. Цъыккаты Земфирæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон ацы хъуыддаджы ахсджиаг адæм сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны уыд радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ