Æрвыкомы фæндаг у æхгæд
Уæллаг Ларсы фæндаг боныхъæды аххосæй рог æмæ уæзласæн хæдтулгæтæн нырма æхгæд, у. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады пресс-службæйы. Цæмæй адæм сæ уавæрæй ма стыхсой, уый тыххæй бынаты кусы хъармгæнæн пункт. Уым бæлццæтты бон у тæвд цай бацымын æмæ сæ фæллад суадзын. Фæндаг байгом кæндзысты хицауады сæрмагонд уынаффæмæ гæсгæ. Кæд, мыййаг, зынвадат уавæры бахаудыстут æмæ уæ ирвæзынгæнджыты æххуыс хъæуы, уæд уæ бон у чырæ телефонæй бадзурын 101, кæнæ та стационарон телефонæй - 01. Куыд зонут, афтæмæй Арвыкомы фæндаг цæуы Дзæуджыхъæуæй Тбилисмæ æмæ иу кæны Уæрæсейы ФæсКавказы бæстæтимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрвыкомы фæндаг у æхгæд
Категория:
Новости и СМИ