Ахсджиаг фарстатæ
1 апрелæй фæстæмæ æппæт арæзтадон компанитæ дæр хъуамæ райдайой кусын ног объекттыл. Уымæй уæлдай ма, сæххæст кæной бындурон цалцæггæнæн куыстытæ дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Æмбырд ацы аз уыд фыццаг. Архайдтой дзы министртæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады сæргълæуджытæ. Сæбæтхъуаты Æхсарбег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй профилон министрадтæ хъуамæ цыбыр рæстæгмæ æппæт хъæугæ гæххæттытæ бацæттæ кæной нæ республикæйы паддзахадон æлхæнинæгты управленийы разамындæн. Уыимæ ма, ныхас кодтой бындурон цалцæджы программæ æмæ горæты æнцонвадат цардыуаг саразыны фарстатыл. Æмбырды архайджытæ се 'ргом аздæхтой Уæрæсейы президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ фæндаггон æдасдзинадæн республикæйы районты цавæр мадзæлттæ арæзт цæуынц, уымæ дæр. Æрыдон, Киров æмæ Æрæфы районты пъланмæ гæсгæ аразынц фæндаггон змæлды бирæвæрсыг схемæтæ. 1 маймæ æппæт гæххæттытæ дæр хъуамæ уой цæттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахсджиаг фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ