Ахсджиаг хъуыддæгтыл
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд Рахизфарсы районы бынæттон хиуынаффæйады уæнгтимæ. Сæрмагонд æмбырды дзырдтой районы социалон-экономикон райрæзты хъуыддæгтыл. 2018 азæн скодтой хатдзæгтæ. Хорз бæрæггæнæтæ ис хъæууон хæдзарады къабазы. Ивгъуыд аз хор æрымбырд кодтой 110 тонны. Картоф та 120 тоннмæ `ввахс. Районы сæргълæууæг Беркъаты Константин радзырдта афтæмæй 2018 азы кæлæтдзаг хæдзæрдтæй ракодтой 198 адæймаджы. Уымæй уæлдай ма дзырдтой районы ног æмæ цалцæггонд объектты тыххæй. Цæлыччы æмæ Заманхъулы сарæзтой сывæллæттæн ног хъазынæн фæзтæ. Инвесторы руаджы Бруты фæзынд ног спортивон комплекс. Ивгъуыд аз Заманхъулы ныссагътой 42 гектары æнгуз æмæ 9 гектары чылауи. Администрацийы сæргълæууæг куыд бафиппайдта афтæмæй районы аиуварсгæнинаг хъуыддæгтæ дæр ис. Беркъаты Константины ныхæстæм гæсгæ зæхх хаццоны чи райста уыдон фиддонтæ афойнадыл нæ фидынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахсджиаг хъуыддæгтыл
Категория:
Новости и СМИ