77 æм маршрутон таксийæн горæты фæндæгтыл цæуыны бар нал ис
Ахæм уынаффæ рахаста Цæгат Ирыстоны арбитражон тæрхондон. Ахæм хуызы уый сæххæст кодта республикæйы транспорты министрады курдиат. Министрады пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй Дзæуджыхъæуы уый у фыццаг ахæм цау. Раздæр административон барадхæлдтыты тыххæй маршрутты куыст никуы баурæдта. Фæлæ 2016-æм азы куыстуат «БАРС» хъалонисæн инспекцийы раз 20 мин сомы хæсджынæй баззад. Уый нæ, фæлæ апрелы мæймæ куыстуаты административон ивартæ æхсæз сæдæ мин сомы сæрты акастысты. Фидгæ та сæ ничи кодта. Адæм ласыны уагæвæрды дæр ссардтой закъонхæлдтытæ. Промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутовы ныхæстæм гæсгæ, дарддæр дæр кусдзысты бæлццæттæ ласыны уагæвæрд банывыл кæныныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
77 æм маршрутон таксийæн горæты фæндæгтыл цæуыны бар нал ис
Категория:
Новости и СМИ