Республикæйы журналисттæ бафснайдтой Мидæгрæбыны æхсæрдзæны алыварс
Мидæгрæбыны `хсæрдзæнтæм фæндагыл та журналисттæ райсомæй раджы æрæмбырд сты Джызæлмæ фæзилæныл. Алчидæр дзы акцийы бацархайын банымадта йæ хæсыл. Сæ фæндаг акодтой Хъобангомы рæсугъддæр бынæттæм. Алкæмæн æрдзы хъæбысмæ раирвæзынæн фадат арæх нæ вæййы, уымæ гæсгæ сын сæ алфамблайы нывтæ сæ цæст уæлдай рæвдыд кодтой. Хъæлдзæг æмæ зæрдæрайгæйæ журналисттæ дарддæр ацыдысты Мидæгрæбыны æхсæрдзæнтæм. Æрбынат кодтой сæ цуры. Боныхъæд хуыздæртæй кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæвæрдтой мусонг. Стæй уæд дарддæр араст сты æхсæрдзæнты рдæм. Фæндагыл семæ райстой бырæттæн дзæкъултæ æмæ уæлæмæ цæугæйæ цыдæриддæр сæ цæст хауæддзаджы номыл æрхæцыд, уый сæмбырд кодтой. Акцийы архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, уæлдай цымыдисаг уый у, æмæ 2 мин метры бæрзæндыл дæр адæм сæ бырæттæ кæй ныууадзынц. Журналисттæй алчидæр архайдта нæ республикæйы æрдзы сыгъдæгдзинадмæ йе `вæрæн бахæссыныл. Суанг ма сæрмагонд къæйтæ дæр сфидар кодтой Ныффыстой дзы сæ курдиат туристтæм, цæмæй сæ фæстæ бырæттæ ма уадзой. Акци саразыны хъæппæрис разынд информацион портал 15-æм регион, нæ республикæйы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитет, стæй æхсæнадон къорд «Iron group»-мæ. Гæбæлаты Мæдинæ, РЦИ-Аланийы мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары хæдивæг: «Ацы акци махæн тынг ахсджиаг у. 50 адæймагæй фылдæр стæм. Канд бынат нæ сыгъдæг кæнæм, фæлæ ма кæрæдзиимæ дæр нæ рæстæг зæрдæрайгæйæ æрвитæм, уымæн æмæ ахæм рæсугъд бынаты уæвгæйæ адæймагæн йæ зæрдæйы ахаст дæр хорз вæййы. Хæхты нын фыццаг экологон акци у, фæлæ йæ фæнд кæнæм æрвылазон скæнын. Бынæттæ-иу аивдзыстæм. Ома, туристтæ фылдæр кæм вæййы, уыцы рæттыл æрзилдзыстæм. Архайдзыстæм, нæ бон куыд у, афтæ æрдзы сыгъдæгдзинад хъахъхъæныныл. Нæ сæйраг хæс у хъуыддагмæ бæрнон цæстæнгас аздахын». Кæд журналисттæ ацы рæсугъд бынатмæ арæх не `рбафтынц, уæд уый зæгъæн нæй «Iron group»-ы тыххæй. Къорды архайджытæ алы къуыри дæр абалц кæнынц Цæгат Кавказы рæсугъддæр бынæттæм. Уымæй уæлдай ма кæнынц хæрзаудæн куыст дæр. Йæ архайджыты æмрæнхъ æрлæууын кæй фæнды, уыдоны нымæц та æппынæдзух фылдæрæй-фылдæр кæны. Тъургиты Олег, æхсæнадон къорд «Iron group»-ы идейный вдохновитель: «Информацион портал 15-æм регионимæ тынг хæларæй цæрæм. Йæ сæргълæууæг нын ацы акци саразыны тыххæй куы загъта, уæд уайтагъддæр йемæ сразы дæн. Бынат равзæрстам уымæн æмæ тынг рæсугъд у. Туристтæ дзы кæддæриддæр бирæ вæййы. Мах та кæдæмфæнды куы цæуæм, уæддæр немæ кæддæриддæр бырæттæн дзæкъултæ райсæм. Цы ран вæййæм, уый ссыгъдæг кæнæм æмæ сæ немæ раласæм». Канд Мидæгрæбыны æхсæрдзæнты алыварс не ссыгъдæг кодтой журналисттæ, фæлæ ма йæ алфамблай дæр. Уым дæр фæдзæхсæн къæйтæ бафидар кодтой. Аив дзырды дæснытæ сæ куыстæй разыйæ баззадысты. Иугæр, дæнцæг, уæд æнхъæлмæ кæсдзысты, чи сæ бафæзма, уыдонмæ. Бузныг сын канд адæм нæ зæгъдзысты. Йæ хуызджын ахорæнтæй сахаддзысты нæ фидауцджын æрдзы цæсты дæр. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикæйы журналисттæ бафснайдтой Мидæгрæбыны æхсæрдзæны алыварс
Категория:
Новости и СМИ