Æрыдоны саив кодтой сæйраг уынджы аллея
Æрыдоны саив кодтой сæйраг уынджы аллея. Кусджытæ баивтой тротуартæ, сæвæрдтой ног бырутæ, цырæгътæ, стæй ныссагътой цъæх фæлыст. Аивгæнæн куыстытæ сарæзтой бынæттон цæрджыты хъуыдытæ хынцгæйæ. Куыстытæ конд цыдысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрмагонд проект «Æнцонвадат горæт» - æххæстгæнгæйæ. Йæ рацарæзтæн дихгонд æрцыд 9 милуан сомы федералон æмæ бынæттон бюджеттæй. Аразæг компанийы ныхæстæм гæсгæ, Æрыдоны ацы хай рагæй нæ уыд цалцæггонд. Фæзынд ма дзы ног бадæн бынæттæ, ныссагътой дзы бæлæстæ дæр. Уыдоны фæрцы фæлладуадзæн бынат сси ноджы аивдæр æмæ райдзастдæр. Ацы проект равзæрстой горæты цæрджытæ сæхæдæг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сæрмагонд проектмæ гæсгæ ацы рацарæзт Æрыдоны у дыккаг. Дыууæ азы размæ ма бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодтой Æрыдоны сæйраг парк. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны саив кодтой сæйраг уынджы аллея
Категория:
Новости и СМИ