Бæрнон цæстæй
«Виктория»-йы хъомылгæнинæгтæ ног бынаты куыд æрбынæттон сты æмæ ныртæккæ цы уавæрты цæрынц, уый ма йæхи цæстæй абон федта Цæгат Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова дæр. Йæ кусæндоны уæнгтимæ аныхас кодта сывæллæттимæ, бафарста сæ, сæхи куыд æнкъарынц, уымæй. "Хуры тын"-ы бæстыхай æмбæлгæ домæнтæн дзуапп дæтты. Ис дзы ахуыр кæнынæн æмæ хиирхæфсынæн уаттæ, æхсæвиуат кæм кæной, уый, æмæ хæрæндон. Ныртæккæ сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ 45 баисты. Сабитæн сæ фылдæр ног бынатыл фæцахуыр ис. Сывæллæты хæдзары ахуыргæнджытæн Нина Чиплакова бафæдзæхста, цæмæй алы сывæллонмæ зæрдæмæ дæр æмбæлгæ фæндаг ссарой. «Викторияйы» кусджытæн та хъæуы ног куысты бынæттæ ссарын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бæрнон цæстæй
Категория:
Новости и СМИ