Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон баныхас кодтой театралон аивады къабазы æмгуыст кæнын
Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон баныхас кодтой театралон аивады къабазы æмгуыст кæнын. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр æмæ Цæгат Ирыстоны Тæбæхуаты Балойы номыл ирон театр разамонджытæ Дзуццаты Тамерлан æмæ Колыты Владислав бафыстой æмгуыстады бадзырд. Уымæ гæсгæ, сфæлдыстадон галуантæ иумæ архайдзысты Ирыстоны аивад æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл. Кусдзысты регионалон æмæ æппæтадæмон культурон ахастдзинæдты райрæзтыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ныртæккæ Хуссар Ирыстоны артисттæ гастрольты сты нæ республикæйы. Бацæттæ кодтой цымыдисаг спектакльтæ. Театрдзауты зæрдæтæ рæвдаудзысты 6 боны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар æмæ Цæгат Ирыстон баныхас кодтой театралон аивады къабазы æмгуыст кæнын
Категория:
Новости и СМИ