Куклаты театры бон
Нывгæнæджы къухайст æмæ ахорæнты хуызтæй аразгæ у куклайы æддаг бакаст. Аргъауы хъайтар саразыны размæ æнæмæнг хъæуы алы лыстæгдзинадыл дæр лæмбынæг ахъуыды кæнын. Дзæрæгъæсты Анастасия уыцы-иу рæстæг æххæст кæны цалдæр куысты. Бутфор, нывгæнæг, дизайнер æмæ модельер. Куыд зæгъы, афтæмæй йын кукла фыццаджы дæр у артист. Куклатæ-æрмкъухтæ, куклатæ-маскæтæ æмæ æндæртæ. Куклатæ уый бæрц сты, æмæ сыл адæймаджы цæст нæ хæцы. Театры ис минæй фылдæр. Адæймаджы бафæнды алы гыкъынайы дæр райсын, лæмбынæг æм кæсын. Зæгъæм, мæнæ ацы артисткæйæн йæ разамынддæттæн элементтæ сты йæ фæсонтыл. Хонынц сæ планшетонтæ. Фæлæ аргъауы сæйраг хъайтартæй ахсджиагдæр сты адæм. Уыдоны 'руаджы куклатæ змæлынц æмæ дзурынц. Марионеткæты цард бауадзыныл ахуыр кæнынц цалдæр азы. Хъараты Максим ацы дæсныйады йæхи ныр цыппæрæм азы фæлвары. Куыд зæгъы, афтæмæй цас фæнды рæстæг куы рацæуа, уæддæр æппынæдзух хъæуы хиуыл кусын. Ног равдыстытæ аразыныл ам архайынц æрвылбон дæр. Æрмæст фарон театры сæвæрдтой 330 спектаклы. Уый «Саби»-йæн у æнтыстдзинад. Ныридæгæн кусынц «Снежная королева» равдыстыл. Тагъд рæстæджы та артисттæ ацæудзысты Урал, Абхази æмæ Хуссар Ирыстонмæ. Гастрольтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзысты нæ республикæйы районты дæр. Артисты сæйраг нысан аивадуарзджытæн сæ зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнын нæу. Алы аргъау дæр цæуыл дæр ахуыр кæны. Уымæ гæсгæ, куклатæ æххæст кæнынц ахсджиаг хæс — сабиты хъомылад.