Измæрмилты пиллон
Фæлæ уал нæ программæ райдайдзыстæм æнæнхъæлæджы цауæй. Цалдæр сахаты размæ, Титовы уынджы бæстыхæйттæй иуы æрцыд зынгсирвæзт. Арты уацары фæци Хъахъхъæнынады министрады хайады контролон-уадзæн пункт. Зынгсирвæзты аххосæгтæ бæлвырд бæрæг не сты. Æнæнхъæлæджы цауты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, ссыгъд, кæмæй нæ пайда кæнынц, ахæм бæстыхай. Цыбыр рæстæгмæ бынатмæ æрхæццæ 8 уæззау техникæйы иуæджы. Зынгсирвæзты ныхмæ тох кодтой 25 зынгхуыссынгæнæджы. Афтæмæй, арт ахуыссын кодтой. Ацы цау сбæлвырд кæныныл кусдзысты профилон ведомствотæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Измæрмилты пиллон
Категория:
Новости и СМИ