Нотр Дам де Пари, гæнæн ис, æмæ зынгсирвæзты
Нотр Дам де Пари, гæнæн ис, æмæ зынгсирвæзты фæстæ йæ дуæрттæ сæхгæна 6 азмæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц фæсарæйнаг информацион агентадтæ аргъуаны разамонæг Патрик Шовейы ныхæстыл æнцайгæйæ. Уыцы хъуыды дины кусæг загъта абон бынæттон амалхъом адæймæгтимæ фембæлды рæстæг. Нотр-Дамы разамонæг ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй арт тынг бахъыгдæрдта аргъуаны кæцыдæр хай. Уымæй уæлдай ма бæстонæй радзырдта, аргъуаны чи куыста, уыцы 67 адæймаджы хъысмæты тыххæй. Бæлвырдæй йæ нæма зоны. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Нотр-Дам де Пари ссыгъд къуырисæры 15-æм апрелы. Зынгсирвæзт райдыдта, аргъуан сцалцæг скæнынæн дзы йæ алыварс цы хъæдæй конд конструкцитæ сæвæрдтой, уыдонæй. Бæстыхайы цар ныккалд, йæ шпиль дæр рафæлдæхт. Францийы президент Эммануэль Макрон зæрдæ бавæрдта, 5 азмæ йæ ногæй кæй сараздзысты. Уыимæ ма бафиппайдта, раздæрæй рæсугъддæр кæй фæуыдзæн. Уæвгæ, зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ францусаг реставратортæ цалцæджы куыстытæн æндæр æмгъуыд амонынц. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, аргъуаны рацаразтæн бахъæудзæн 10-15 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Нотр Дам де Пари, гæнæн ис, æмæ зынгсирвæзты
Категория:
Новости и СМИ