Сыгъдæгдзинадыл бакусын
Доны былгæрæтæ, парктæ æмæ сквертæ ныр сыгъдæг сты... Ивгъуыд фæллауадзæн бонты Цæгат Ирыстоны уыдысты сыгъдæгдзинады бонтæ. Ныр 2 азы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй, алы мæйы фæстаг хуыцаубон министрадты, ведомствæты кусджытæ æмæ бæрнон адæм æфснайынц æхсæнадон бынæттæ. Ацы хатт зиумæ 1 мин адæймагæй фылдæр рацыд. Æфснайдтой Дендрариумы алыварс фæзуат: æрымбырд кодтой бырон, аластой саст бæлæстæ æмæ саст къалиутæ. Ахæм мадзæлттæ цæудзысты цалынмæ нæ фæуазал уа, уæдмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сыгъдæгдзинадыл бакусын
Категория:
Новости и СМИ