Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы хъæуты цæрджытимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы хъæутæ, Заманхъул æмæ Бæтæхъойыхъæуы цæрджытимæ. Æмбырдмæ æрбацыдысты Зилгæ æмæ Бруты бынæттон цæрджытæ дæр. Сæ фæрстытæн ма сын дзуæппытæ лæвæрдтой муниципалон разамынды минæвæрттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæмы фылдæр тыхсын кодтой ахуырады, куысты бынæтты æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатæ. Заманхъул æмæ Бруты цæрджытæ æрбамбырд сты цæмæй нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ фембæлой. Алкæмæдæр дзы йæхи риссаг фарстатæ ис. Сæ иу - доны фарста Заманхъулы. Цæрджытæ хъаст кæнынц, нуазынæн доны фиддонтæ бæрзонддæр кæй кæнынц. Уыимæ ма, сæрдыгон рæстæг хъæуы фаг дон нæй. Уæлдайдæр хъæуысæр. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр Тамайты Майрæн куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ Заманхъулмæ цæуы 3 æвæрд бæрц дон. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæгæ, хъæуы нæй афтек. Годжыцаты Тамерлан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ кусынц Рахизфарсы районы рынчындонмæ чи хауа, ахæм афтек хъæуы байгом кæныныл. Уымæй уæлдай ма, гæнæн ис, æмæ хъæуы фæзындзæн мобилон афтек. Ахуырадон фарстатыл дæр ныхас цыд. Сывæллæттæн уæлæмхасæн ахуырадæн æмбæлгæ фадæттæ нæй. Хæстæгдæр хъæутæ æмæ горæттæм цæуыны та алкæй бон нæу. Профилон министр, Людмила Башаринайы ныхæстæм гæсгæ, 1-æм сенябрмæ хъæуы фæзындзæн «Точка Роста» кæй хонынц, ахæм ахуырадон центр. Уый руаджы фарста аиуварс кæндзысты. Бруты цæрджытæ та тыхсынц фæндаггон æдасдзинады фарстайæ дæр. Профилон комитеты минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй светофор фæндагыл æвæрд æрцæудзæнис. Хъæуы цæрджытæ ма рахъаст кодтой бырæттæ ласæн службæйы лæггæдтæй. 2019-æм азы цалдæр хатты йеддæмæ бырон нæ раластой. Битарты Вячеслав бабар кодта профилон министрадæн фиддонты фарста сбæлвырд кæнын. Тамайты Майрæны ныхæстæм гæсгæ та, ног регионалон оператор хæстæгдæр рæстæг хъæуы йæ куыст æнæ къуылымпытæй æххæст кæнын райдайдзæн. Райхалинаг фарстатæ адæммæ бирæ уыд. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй се 'ппæтмæ дæр æргом аздахдзысты. Дарддæр Битарты Вячеслав æмæ министрадтæ æмæ комитетты минæвæрттæ сæ фæндаг акодтой Ног Бæтæхъойы хъæумæ. Ам дæр æргом ныхасмæ æрбацыдысты Ног Бæтæхъо æмæ Зилгæйы цæрджытæ. Бæтæхъойы дæр дондзæуæн хæтæлтæ æвзæр уавæры сты. Дон, цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, нуазынмæ нæ бæззы. Битарты Вячеслав бабар кодта æмбæгæ иртæстытæ скæнын æмæ хъуыддагмæ æркæсын, уыимæ ма, хæтæлтæ баивынæн æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын. Тыхсынц ма адæм æхсæнадон транспорт хъæумæ къуылымпытимæ кæй цæуы, уый фæдыл. Республикæйы промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов, стæй хъæуы администрацийæн Битарты Вячеслав бахæс кодта рейстæ фылдæр цы рæстæг хъæуынц, уый снысан кæнын. Зилгæйы цæрджытæ та тыхсынц, уынгты изæрыгон рухс кæй нæ суджы, уымæй. Сæ курдиат бахастой Битарты Вячеславмæ, цæмæй ацы фарстамæ дæр йе`ргом æздаха. Æмбырды фæстæ адæмæн фадат уыд сæргълæууæгимæ хи фарстатыл дæр аныхас кæнын. Уый алкæмæн дæр ныфс бавæрдта, кæй сæм æркæсдзæн, уымæй. Ахæм фембæлдтытæ та районы цæрджытимæ цæудзысты дарддæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав фембæлд Рахизфарсы районы хъæуты цæрджытимæ

Категория:

Новости и СМИ