Ног азы лæвæрттæ
Ног азы агъоммæ Алайнаг гимназы уыд бæрæгбон. Ацы ахуыргæнæндон иннæтæй хицæн кæны, фыццаджыдæр йæ ирондзинадæй. Сывæллæтты дзы хъомыл кæнынц нæ адæмы хуыздæр традицитæм гæсгæ, æппæт предметтæ та сын амонынц ирон æвзагыл. Ацы мадзал дæр уыд мадæлон æвзагыл. Сывæллæттæн раарфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, стæй ахуырад æмæ наукæйы министр Азымты Иринæ. Фыццагкъласонтæ сæ фæхуыдтой сæ бæрæгбонмæ. Уым кастысты æмдзæвгæтæ, зарыдысты Ног азы зарджытæ. Бæрнон уазджытæ сын скодтой лæвæрттæ. Республикæйы сæргълæууæджы номæй та сывæллæттæн балæвар кодтой спортивон уæлæдарæс. Ныр гимназисттæ ноджы разæнгарддæрæй архайдзысты спортæй, физкультурæйы урокты та уыдзысты иухуызон уæлæдарæсы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног азы лæвæрттæ
Категория:
Новости и СМИ