Абон у поэзийы æппæтдунеон бон
Бæрæг кæнын æй райдыдтой 1999 азæй фæстæмæ ЮНЕСКО-йы хъæппæрисæй. Фыццаг хатт та йыл сæмбæлдысты Парижы. «Поэзийы бон у нырыккон адæймаджы мидварны хъуырдухæнæн аккаг дзуапп. Фæлæ цæмæй уыцы хъомыс кæна, уый тыххæй йæм хъæуы æхсæнады уæрæх цæстдард», - загъд уыдис ЮНЕСКО-йы уынаффæйы. Æмæ, æцæгæйæдæр, аив дзырдæй хæрдгæхуыд рæнхъытæ æнцондæр кæнынц адæмы `хсæн кæрæдзийы æмбарынад. Ахъаз сты ныхасы рæзт, фесæфынæй тæссаг кæмæн у, уыцы æвзæгтæ хъахъхъæнынæн. Уæлдай хъомысджын ацы бæрæгбон у чысыл рауагъдадтæн. Уыдоныл æнцайы ныртæккæ нырыккон поэтты сфæлдыстад адæммæ хæццæ кæныны хæс. Уæдæ стыр куыст бакæныны фæстæ фæлладæй иу-цалдæр æмдзæвгæйы бакæсын та цæй аргъ у... Уыдоны хуызæн адæймаджы уд иунæг кафе дæр нæ асыгъдæг кæндзæн. Поэзийы бонæн мах дæр аргъ кæнæм. Аив рæнхъытæ бийын йæ царды сæйрагдæр хæстæй иуыл чи банымадта, уыдон дæр нæ цæсты уæлдай кадджын вæййынц. Афтæ кæй у, уый уæ ныртæккæ бауырндзæн. Нæ студийы уазæг абон у, поэзийы йæ фыццаг къахдзæфтæй фæстæмæ йæхи чи базонын кодта, ахæм фæзминаг фæсивæды минæвæрттæй иу - Бестауты Аланæйы. У Беслæнæй, ахуыр кæны 11 къласы, æмæ йын ныронг цы бантыст сфæлдыстадон фæндагыл, уымæй йын йæхи бафæрсдзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон у поэзийы æппæтдунеон бон
Категория:
Новости и СМИ