Æвæстиаг æххуыс
Абон республикæмæ стахт Уæрæсейы Æнæнхъæлæджы цауты министрады хæдтæхæг. Хъуамæ Мæскуы æмæ Дæллаг Новгородмæ аласа 4 уæззау рынчын адæймаджы. Æртæйы дзы хæдтæхæгмæ сæргъæвтой Дзæуджыхъæуы. Се `хсæн – ноггуырд София дæр, афтæмæй. Рынчынтæн хъæуы æвæстиат æххуыс бакæнын, тæккæ нырыккондæр технологитæй кæм пайда кæнынц, ахæм медицинон центрты. Дзæуджыхъæуæй хæдтæхæг атахт Грознамæ, уым ма хъуамæ рынчынтыл бафтыд иу сылгоймаг. Уæвгæ хæдтæхæг йæхæдæг дæр ифтонг у аккаг аппаратурæйæ. Ис дзы, рынчынты улæфтыл чи ахады, ахæм кусæнгæрзтæ, зæрдæйы куыстмæ цæстдарæг аппараттæ. Бахъуаджы сахат дохтыртæн сæ бон у медицинон æххуыс тæхгæ-тæхын дæр бакæнын. Цалынмæ хæдтæхæг нысаныл нæ сæмбæла, уæдмæ рынчынтæм сæ цæст дардзысты фыдбылызты æппæтуæрæсеон медицинон центр æмæ аэромобилон ирвæзынгæнджыты къорды дохтыртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвæстиаг æххуыс
Категория:
Новости и СМИ