Лæцы царды уылæнтæ æрмынæг сты
Хæххон хъæуты цард раздæримæ абаргæйæ зынгæ аивта. Сабыргай афтид кæнын райдыдтой. Се хсæн Куырттаты комы Лæцы хъæу дæр. Ныртæккæ ма дзы ис 7 хæдзары. Адæм хъæутæй цæмæ сыстынц æмæ ног цæрæн быннæттæ агурæг цæмæн ацæуынц? Уый базонынмæ Куырттаты коммæ абалц кодта нæ уацхæссæг, Хуасдзауты Алинæ. Дæттæм ын ныхасы бар. Хадыхъаты Ладимхан райгуырд Лæцы. Уæдæй абонмæ ам цæры. Куыд зæгъы, афтæмæй кæд раздæр сæ хъæу Куырттаты комæн йæ артдзæст уыдис, уæд ныр хъыгагæн, афтид кæнын райдыдта. Раздæримæ абаргæйæ хъæуы цард зынгæ аивта. Нæдæр дзы дукани, нæдæр дзы скъола нал ис. Лæцы цысабитæ ис, уыдон ахуыр кæнынц Фыййагдоны скъолайы. Æрвылбон уырдæм ацæуынц. Сæ хъæу афтид кæнын кæй райдыдта, уымæн сæйраг аххосагыл нымайынц кусæн бынæттæ дзы кæй нæй, уый. Ныртæккæ Лæцы бынæттон цæрджытæ 7 хæдзарæй фылдæр не сты. æдæппæтæй 19 адæймаджы. Сæ Фæллад уадзынмæ ардæм чи рбацæуы ахæмтæ дæр дзы арæх вæййы. Уымæн æмæ хæххон хъæу Куырттаты комы бынæттæй сæ рæсугъдæртæй иу у. Лæцæн йæ фæндæгтæ дæр тынг базилинаг сты. Фæндаг Нæдæр Фыййагдоны, нæдæр Хидыхъусы рдыгæй нал бæззы. Дзыхъхъытæ æмæ къуппытæй уæлдай дзы ницы фендзынæ. Лæцы ма ивгъуыд рæстæджы æвдисæндартæ дæр баззад. Алы мыггагæн дæр дзы йæхи мæсыг уыди. Бирæтæ ма дзы ныр дæр лæууынц. Лæцы хъæу фæдзæхст у 7 дзуарыл. Кувæн бынæттæм адæм ныр дæр цæуынц. Сæхи Дзæуæрттыл фæдзæхсынц. Раздæр хъæуы цæрджытæ алы фарста дæр хастой ныхасы бынатмæ. Кæд хъæуы царды уылæнтæ æрмынæг сты, уæддæр бынæттон цæрджытæй ма чи баззад, уыдон хъæуыл сæ зæрдæ нæ сивтой. Хъæуы сæйраг уынг хæссы инæлар-майор, Тебиаты Аслæмбеджы ном. Йæхи фæрæзтæй хъæуы байгом кодта дины скъола. Ныртæккæ ма скъолайæн бæрæг дарынц æрмæстдæр йæ пырхытæ. Лæцы цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, сæ уарзон хъæу бынтон кæй нæ раафтид уыдзæн, ууыл. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Лæцы царды уылæнтæ æрмынæг сты
Категория:
Новости и СМИ