Зæрдæ `хсаинаг нæу
Хъолайы цъитийы амæттæгтæн цыртдзæвæн чи аразы, уыцы компани бабæрæг кодтой профилон ведомствæты минæвæрттæ. Бынæттон цæрджыты социалон хуызæгты апарахат кодтой видеоæрмæг, уым бæрæг уыд сæрмагонд техникæ стыр фæзуат кæй ныссыгъдæг кодтой. Сæ хъуыдымæ гæсгæ ацы бынаты фæнд кæнынц бетоны завод саразын. Æхсæнадон архайджытæ æмæ экологтæ тыхсынц, ацы хъуыддаг æвзæры `рдæм фæзындзæн экологон уавæрыл. Æлборты Иван, РЦИ-Аланийы æхсæнадон палатæйы сæрдары хæдивæг: «Куыд фехъуыстон, афтæмæй дзы ис 1000 тоннæйы фракцитæ. Кусæнгæрзтæ хъæугæ домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Ардыгæй у 10 километры дарддæр. Нæ йæ зонæм хъуыддаг цæмæй ахицæн уыдзæн уый. Дымгæ куы ракæна, уæд адон балæудзысты Джызæлы». Арæзтад ма бабæрæг кодтой æрдзон æвæрæнты, исбонады министрадты æмæ хъæды фонды минæвæрттæ. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй зæххы хай ис хицæн адæмы къухы. Хъæды хæдзарадмæ нæ хауы. Фæзы фæзындзæн фæндæгты арæзтадæн хъæугæ материалтæ уадзæн лини. Афтæмæй дзы фæзындзæн 50 куысты бынаты. Ведомствæты минæвæрттæ ацы къæпхæныл барадхæлдыдтæ не сбæрæг кодтой. Хъуыддагмæ дарддæр сæ хъус дардзысты. Датиты Алан, РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонады министры хæдивæг: «Ацы зæххы хай министрадæй лæвæрд никæмæн уыд. Мах сараздзыстæм сæрмагонд басгæрст. Сбæрæг кæндзыстæм цы хуызы æмæ йæ чи рахай кодта зæхх, уый. Не `мкусджытæм фæсиддзыстæм Горæтгæрон районæй. Уыимæ ма курдиатимæ гæххæтытæ арвитдзыстæм Уæрæсейы реестрмæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зæрдæ `хсаинаг нæу
Категория:
Новости и СМИ