Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæдтулгæты алы хуызтæн
Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæдтулгæты алы хуызтæн. Уый тыххæй хъусын кæны Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад. Фæндаг сæхгæныны уынаффæ рахастой боныхъæды бæрæггæнæнтæ Гуырдзыстоны `рдыгæй кæй февзæрдæр сты, уый аххосæй. Ныртæккæ дзы тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы бæлцæттæн сифтонг кодтой хъармгæнæн пунк. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ма уыцы-иу рæстæг сидынц, хæстæгдæр рæстæг Гуырдзыстонимæ арæны сæрты ахизынмæ чи хъавы, уыдон цæмæй къæрцхъусдæр уой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг æхгæд у хæдтулгæты алы хуызтæн
Категория:
Новости и СМИ