Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары фысджытæ æмæ поэттæ культурон бастдзинадыл архайынц
Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары фысджытæ æмæ поэттæ сфæлдыстадон æмæ культурон бастдзинадыл архайынц. Кæсæг-Балхъары авторты уацмыстæ тæлмацгонд цæуынц ирон æвзагмæ. Мыхуыры та рацæуынц журналтæ «Мах дуг» æмæ «Æрæф»-ы. Абон сыхаг республикæйы минæвæрттæ журналы презентацимæ ссыдысты фысджыты цæдисы хæдзармæ. Фидæны ирон фысджыты куыстытæ ратæлмац кæндзысты æмæ ныммыхуыр кæндзысты Кæсæг-Балхъары. Уыимæ ма æмгуыстады бастдзинæдтæ снысан кодтой Цæцæны республикæйы фысджытимæ. Авторты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы Кавказы адæмыхæттытæ хæлардæрæй цæрдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары фысджытæ æмæ поэттæ культурон бастдзинадыл архайынц
Категория:
Новости и СМИ