Адæмы æнцойдзынадæн
Коммуналон лæггæдтæ фидыны фæтк Цæгат Ирыстоны цæрджытæн фенцондæр. Иумæйаг фидыны документ хорз хъуыды у, фæлæ æххæстæй нæ. Хъæуы йыл бакусын. Бынæттон цæрджытæ кæд сæ квитанцæтæ афойнадыл бафидынц, уæддæр гæххæттыл хæсджынæй баззайынц. Ахæм уавæры цы кæнгæ у, æмæ уыцы къуылымдзинæдтæ куыд сраст кæнæн ис, уый базыдта нæ уацхæссæг. Электрон тых, газ æмæ æппæт коммуналон лæггæдтæн дæр бафидæн ис иу рудзынгмæ. Уый тыххæй 2018-æм азы Дзæуджыхъæуккаг информацион-нымайæн центр райдыдта иу фидæн гæххæтты проект аразын. Республикæйы цæрджытæ райсынц квитанцæ. Фыст дзы вæййынц сæ хæстæ иууылдæр. Фыццаг бакастæй хъуамæ цæрджытæн коммуналон лæггæдтæн фидын фенцондæр уыдаид. Фæлæ системæ кусы къуылымпыдзинæдтимæ. Информацион-нымайæн центрыл арæх хъаст кæнынц республикæйы цæрджытæ. Абоненттæ арæх райсынц квитанцæтæ хæс кæй дарынц, уый тыххæй. Уыимæ арæх вæййы афтæ, æмæ адæм сæ коммуналон лæггæдтæн бафидынц, фæлæ гæххæтытæм гæсгæ та дзы хæс рауайы. Адæм сæ хъæзтытæ бахæссынц информацион-нымайæн центрмæ. Коммуналон лæггæдты уагдæттæй кæцыдæртæ ацы системæйы нырма æрæджы кусынц. Зæгъæм, газпром межрегионгаз. Сæ къуылымпыдзинæдтæ рабæрæг кодтой æмæ сæ аиуварс кæныныл ныр архайынц. Плиты Алан - «Газпром межрегионгаз»-ы генералон директоры хæдивæг: «Иумæйаг фидыны гæххæтæй мах æмæ газæй пайдагæнджытæ архайæм нырма мæй. Куысты техникæ баййæфта къуылыпыдзинæдтæ. Фæстиуджытæ аиуварс кæныныл ныридæгæн бацархайдтам. Уæлæмхасæн басгæрстыты руаджы, ныр нæ бон у зæгъын, дарддæр системæйы кæй ницы къуылыпмыдзинæдтæ фæзындзæн, уый». Информацион нымайæн центры минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг афтæ у, æмæ коммуналон лæггæдты уагдæттæ афойнадыл не сбæлвырд кæнынц, хæстæ цæм кæй фæзынд, уый. Уыимæ раст квитанцæтæ кæй нæ арвитынц, уый дæр. Фæлæ зæгъæм кæцыдæр коммуналон лæггæдтæн центр йæхæдæг нымайы пайдагæнджытæ цас хъуамæ бафидой. Афтæмæй дæр къуылымпыдзинæдтæ фæзыны. Уый та уый тыххæй æмæ базæ кæй не сног кодтой, уымæн. Кæд пайдагæнæг йæ квитанцийы рæдыд ссардта, уæд йæ бон у Информацион-нымайæн центры хайадмæ курдтиат бахæссын. Уым æм æркæсдзысты. Кæд пайдагæнæг йæ квитанцийы рæдыды тыххæй нæ базыдта æмæ афтæмæй фылдæр æхца фиды, уæд та куыд? Уæддæр, зæгъынц, æхца дзæгъæлы нæ фесæфдзæн. Цæллагты Аллæ - информацион нымайæн центры хайады сæрдар: «Кæд пайдагæнæг не ркаст лæмбынæг, цас æй бафидын хъæуы лæггæдтæн æмæ кассæмæ фидынмæ æрбацыд, уæд уыцы æхцатæ уæддæр арвитдзыстæм коммуналон лæггæдты минæвæрттæм. Фидæны ма дзы цы баззайа, уый иннæ мæйæн фыст æрцæудзæн». Æмæ адæймаг фылдæр æхца цæмæ хъуамæ фида æмæ йын йе*хца иннæ мæймæ цæмæ хъуамæ иргъæвой? Цæрæнуæтты фонды кусджытæ курынц адæмæй цæмæй ацы хъуыддаджы уой къæрцхъусдæр. Лæмбынæг сæ квитанцæтæм кæсой. Æмæ кæд исты фарстатæ фæзыны, уæд хъуамæ æмбæлгæ уагдæттæй дзуапп бадомой. Гуыдиаты Иннæ - паддзахадон, архитектурон- арæзтадон цæстдарды службæйы хистæр инспектор: «Коммуналон лæггæдтæй пайдагæнæг æНæмæнг хъуамæ йæхæдæг кæсА, цы фиды æмæ цæй тыххæй, уымæ. Зæгъгæм, афтæ рауайы æмæ кæцыдæр цæрджытæм хъарм нал вæййы. Райдайынц æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ зымæг фæуа, уæдмæ. Лæггадæн бафидыны тыххæй рæстæг куы æрхæццæ вæййы, уæд райдайынц хъаст кæнын. Ахæм хъуыддаджы тыххæй хъæуы рагацау хабар кæнын». Горæты админстраци дæр иумæйаг фиддоны гæххæт скæныны фарс лæууы. Фæлæ дзы къуылымпыдзинæдтæ кæй ис, уый тыххæй нæ дзурынц. Информацион-нымайæн центры кусджытæ зæгъынц, уыцы рæдыдтытæ тагъд нал уыдзысты. Пайдагæнджытæн та хъæуы сæхи змæлын, сæ квитанцæты бирæ нымæцтæ куы феной, уæд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæмы æнцойдзынадæн
Категория:
Новости и СМИ