Алагиры байгом кодтой уголовон хъуыддаг цæстфæлдахæн миты тыххæй
Цæгат Ирыстоны Алагиры районы байгом кодтой уголовон хъуыддаг цæстфæлдахæн митæ муниципалон исбонимæ саразыны тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы прокуратурæйы пресс-службæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй куыстуат «Аланиятехинвентаризация»-йы Алагираг филиалы раздæры сæргълæууæг йæ куысты бартæй пайда кæнгæйæ æнæзакъонæй йæхиуыл ныффыста, организаци цы бæстыхайы уыдис, уый. Йæ фæзуат у 187 квадратон метры. Уымæй уæлдай ма йæхирдыгæй фæкодта 660 квадратон метры фæзуатимæ зæххы хай дæр. Уымæн та йæ хицау афтæмæй уыд Алагиры районы администраци. Дарддæр уыцы исбон кæмæндæр ауæй кодта 1 милуан сомæй. Уголовон хъуыддаджы слестгæнæн мадзæлттæм сæ цæст дарынц Алагиры районы прокуратурæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры байгом кодтой уголовон хъуыддаг цæстфæлдахæн миты тыххæй
Категория:
Новости и СМИ