Беслæны рынчындоны сбæрæг кодтой хъармгæнæн системæйы куысты уавæр

Алы адæймагимæ дæр бæстон æмæ æргом ныхас. Рахизфарсы районы центрон рынчындоны ис 7 хайады, ныртæккæ дзы дзæбæх кæнынц 142 адæймаджы. Дзæбæхгæнæндоны уавæртæ бæстонæй бæрæггонд æрцыдысты. Алы палатæйы дæр у хъарм. Бибуаты Савелийыл 84 азы цæуы. Æрвылаз ацы рынчындоны фæхъæддыхдæр кæны йæ æнæниздзинад. Уымæ гæсгæ, ам цы уавæртæ ис, уый хорз зоны. Медицинон уагдоны инфекцион хайады уазал у, зæгъгæ, хъуысынгæнинаг 18-æм декабры апарахат ис социалон хызæгты. Рынчындоны сæйраг дохтыр Адырхаты Алан нын куыд радзырдта, афтæмæй къуылымпыдзинад уыд хъармгæнæн системæйы куысты. Ахастой дыууæ сахаты. Сæ аххоссаг — мобилон хъармгæнæны фильтртæ кæй ивтой, уый. Пайда та дзы кодтой рæстæгмæ, цалынмæ сæйраг бæстыхай цæттæ кодтой, уæдмæ. Ныртæккæ котельнæ кусы æххæст тыхтæй. Адырхайы фырт ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй дыууæ сахатмæ палатæты уыд хъарм. Уый тыххæй скусын кодтой кондиционертæ æмæ электрон хъармгæнæн гæрзтæ. Рынчындоны хъарм у æви нæ, уый раиртасынмæ бынатмæ сæмбæлдысты Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы Рахизфарсы районы хайады специалисттæ, гигиенæ æмæ эпидемиологийы федералон центры кусджытимæ иумæ. Басгæрст саразын бадомдта Прокуратурæ. 19-æм æмæ 20-æм декабры сарæзтой микроклиматы 10 экспертизæйы. Рахизфарсы районы центрон рынчындоны бæстыхæйтты температурæйы æмвæзад дзуапп дæтты сæрмагонд домæнтæн. Уавæрмæ рынчындоны кусджытæ æппындзух сæ хъус дарынц.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
31 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии