Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц ацæргæ адæмы бон
Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц ацæргæ адæмы бон. Бæрæгбоны фæдыл карджын адæмæн арфæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Фæнысан сын кодта сæ фæллойадон æнтыстдзинæдтæ, сæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд сæ хæстон фæндæгтæ. Уыимæ ма сæргълæууæг бафиппайдта, хистæр кары адæмы рохуаты уадзжн кæй, нæй. Уыдонмæ `ргом здахын æрмæст бæрæгбæтты нæ фæлæ æппынæдзух хъæуы. Сæ кармæ гæсгæ сты сæрæн æмæ цард уарзаг. Уыдон æххуыс кæнынц республикæйы фæсивæды хъомылады. Битарты Вячеславы зæрдæ сын зæгъы æнæизæй ма бирæ æзты дæргъы куыд цæрой. Ацæргæ адæмæн ма арфæйы ныхæстæ загътой Уæрæсейы гвардийы минæвæрттæ дæр Дзæуджыхъæуы бæрæгбоны агъоммæ сарæзтой сæрмагонд концерт. Хистæр кары адæмы ма абон кад скæндзысты республикæйы районты дæр. Скъолаты фембæлдзысты ветерантимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон æгас дунейы бæрæг кæнынц ацæргæ адæмы бон
Категория:
Новости и СМИ