Фæфылдæр сты
Бындурон цалцæджы фиддонтæ фæфылдæр сты нæ республикæйы. Уый тыххæй хъусын кæнынц цæрæнуæттæ-комуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæй. Профилон куыстуаты куыд бамбарын кодтой, афтæмæй 2018 азы фыццаг æхсæз мæимæ абаргæйæ ацы аз фиддонты бæрц фæфылдæр 18% -æй 29% онг. Лæггæдтæн хуыздæр фидын райдыдтой Алагир, Æрыдон æмæ Мæздæджы районты. Хъуыддаг къуылымпытимæ æххæст кæнынц Æрæфы районы. Хæсдарджытимæ тох кæнынц пъырыстыфтæ. Ныридæгæн ацы аз балæвæрдтой 3 мин курдиаты тæрхондонмæ. Сæ иумæйаг бæрц æхцайæ у - 46 милуан сомы. Ахæм куыст кæнынц куыстуæттимæ дæр. Уыдоны хæстæ та 4 милуан сомæй фылдæр сты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министр Тамайты Майрæны ныхæстæм гæсгæ, капиталон цалцæджы регионалон операторы специалисттæ алы къуыри дæр аразынц æмбырдтытæ цæрджытимæ. Æмбарын сын кæнынц фиддонтæ фидын кæй хъæуы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæфылдæр сты
Категория:
Новости и СМИ