82-аздзыд богал
Æмæ ма нæ равдысты кæрон - иу æхсызгон хабар. Абон хъæбысхæсты ветеран, ирыстойнаг номдзыд спортсмен Уртаты Барисыл æххæст кæны 82 азы. Кæд ыл азтæ рацыд, уæддæр æй бирæ æрыгæттæ нæ аййафдзысты. Карджын богал тренировкæтæ цух нæ уадзы. Æнтыстдзинæдтæ дæр иу иннæйы фæдыл æвдисы. Зæгъæм, æрæджы Æппæтадæмон турниры, Калининграды рамбылдта сыгъзæрин майдан. Сси спортивон хъæбысхæсты ветеранты `хсæн чемпион. Ме 'мкусæг Биджелты Бертæ у Барисы æмхъæуккаг æмæ йæ уый уæлдай æхсызгонæй суазæг кодта. Азтæ кæуыл нæ фæтых сты, афтæ бирæ азты æрыгон æмæ тыхджын куыд уæвæн ис, зæгъгæ, 82-аздзыд уæгъдибар хъæбысхæсты ветеран Уртаты Барисы куы афæрсай, уæд йæ мидбылты бахуды. Æмæ бафтауы - «æппынæдзух змæлын хъæуы». Чысылæй дæр тынг тæлфаг æмæ æнахуыр хъæддых сывæллон уыд. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Уртаты Бабыцойы бинонты уыдысты 8 сывæллоны. Йæ райгуырæн Фарныхъæуыл стыр уарзондзинадимæ дзуры. Ам 11 аздзыд цæрдæг лæппу фыццаг хатт бацыд боксы секцимæ. Спортæй йын бафсис нæ уыд æмæ атындзыдта Беслæнмæ - уæгъдибар хъæбысхæст æмæ уæззау атлетикæйæ секцитæ. 2 пуды гиртæ, бумбулийау, æнæрлæуугæйæ 25 хатты иста. Афтæмæй уæлахизтæм дæр бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Йæ спортивон фæндаг æнæ цæлхдуртæй нæ уыд. Æрыгон лæппуйы æмбал ерысты уæззау цæф фæци æмæ нал аирвæзт. Уыййадыл æй йæ мад тренировкæтæм нал уагъта. Фæлæ чысыл богалы чи баурæдтаид! Цалдæр азы йæ спортивон дарæс рамбæхс-бамбæхс кæнгæйæ иу, йæ ныййарджыты сусæгæй спортзалмæ алыгъд. Фæлæ æрыгон сæрæнгуырды хорзы кой æмæ спортивон æнтыстдзинæдты кой йæ ныййарджыты хъустыл дæр æрцыд. Æнæ спортæй Барисæн цард ад нал кодта. Алырдыгæй йæ зындгонд тренертæ сæхимæ хуыдтой æмæ та йæ фæндаг акодта спортзалмæ. Дæсгай турниртæ Уæрæсейы, æртæ æппæтадæмон турниры фæсарæнты - æмæ иу кæддæриддæр нæ богал уыд уæлахиздзау. Йæ майданты æмæ дипломты нымæц хъуыды дæр нал кодта. Мæнæ та ма сыл æрæджы дæр иу бафтыд. 7-æм апрелы ирон хъæбысхæцæг рамбылдта 19-æм Æппæтадæмон ветеранты хсæн турниры. Ннымад æрцыд æппæты хистæр кары спортсменты къорды - дивизион Д, кæй хонынц, уый чемпионыл. Фæлæ æппæты диссагдæр та уый у, æмæ ацы ерысты нæ богалæй хистæр нæ уыд. Йемæ абаргæйæ, финалы йæ ныхмæлæууæг уыд æрыгон лæппу - 60 аздзыд. Ахæм фыд æмæ бабайы та йæ цот æмæ йæ цоты цот дæнцæгæн куыд нæ хъуамæ хæссой! Райсомæй тезгъо æмæ, æнæмæнг, спортивон залы тренировкæтæ. Къæбысхæсджыты къахыдарæс Барис куыд арæхстджынæй бæтты, уымæ алчидæр бахæлæг кæндзæн. Тренировкæты йе уæнгтæ æмæ хæцъæфтæ куы стæвд кæны, уæд та райдайы йæ приемтыл кусын. Йæхи цæттæ кæны æппæтуæрæсеон турнирмæ. Уыдзæн Смоленскы. Фæлæ уæддæр рæстæг ссары фæсивæдæн хъæбысхæсты приемтæ бацамонын. Æрыгæттæ спортмæ кæй тырнынц, уымæй æхсызгон дæр ын ницы вæййы. Барисы фæллойы дæр фесгуыхт. 67 азы бакуыста. Спортæй дæр къаддæр азтæ нæ архаййы. 82-аздзыд богал цы приемтæ кæны, уый алы æрыгон не бафæзмдзæн. Ахæм æвзыгъдтæ бирæ нæй. Буары тых та, æвæццæгæн, уды хъаруйæ фæзыны. Уымæй та нæ номдзыд спортсмен цух не ййафы. Худгæйæ ма ма йæхи фидар æнгуз дæр схоны. Чи зоны æмæ, куыд æппæты карджын богал, Гиннесы чиныгмæ дæр бахауа. Мах зæрдæ йын уый зæгъы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
82-аздзыд богал
Категория:
Новости и СМИ